Jump to content

Хæрæ (Малиты)

From Wikisource
Хæрæ (1935)
by Малиты Геуæрги
291153Хæрæ1935Малиты Геуæрги
ХÆРÆ

I



Иеу сæрдæ æз фæдтæн Дигори. Ци гъæуи цардтæн, уой мæкъурмæ лæудтæй устур, бæрзонд фахс. Фахси тæккæ сæрæй ба гъæумæ цъæх-цъæхид зиндтæй нæзи гъæдæ. Фæсгъæдæ æндиуд æма бæрзонд истонцæ сæхе арвмæ бекъæгун сау хуæнхтæ. Хонхæй, кенæ ба гъæдæй фахсбæл урдугмæ, хормæ æрттевæнтæгæнгæ, гъæуæрдæмæ уадæй йеу сауæдон. Йеу къуар къадай ибæл зилдæй гъæуи дæллæй. Мингий дæлдæр гъæуæй версти 'рдæги бæрцæ коми хурфи æнсарæ æма гъæргæнгæ пурф кодта Ирæф. Йес Ирæфи сакъадæхтæбæл дæр къадатæ, фал ку райвулуй, уæдта сæ нимпурсуй æма сæ фæлласуй. Ирæф гириз нæ кæнуй. Хуæнхтæ æма къæдзæхти хæццæ тохун ин зин æй, æндæра мæгур хуæнхаг æхецæн цæмæй-дæрти къада басадзуй, уой уомæн фехалунмæ ци гъæуй? Йеу бон æрцудæй устур уарун. Мах æртæ лæги — æз, мæ фусунти лæхъуæн æма нæ синхон Мисирбий, зæронд уорсалист лæг, бадтан медхæдзари æма игон дуарæй кастан æндæмæ. Нецибал бæрæг ахæста цæстæ — арв, хуæнхтæ, зæнхæ, мегъæ æма дон исхæлæмулæнцæ йеугурæй дæр.
–Ирæф бабæй ивулдзæнæй,— загъта Ми­сирбий, æ рсхæ даугæй,— æма ласдзæнæй курæнтти.
–Хуцау ци зæгъа, йе уодзæнæй,— исдзурдта не 'ннæ 'мбал, æ къохтæ æ меддустæ, уоте-мæй.
–Хуцау дæр ци зæгъуйнаг æй,— райдæдта Мисирбий нæуæгæй дзорун,— адæм исналат æнцæ, кæрæдзей æфхуæрунцæ æма курæнттæ нæ, фал син сæхе ку фссафидæ, уæддæр хуæздæр æй.
–Йес адæммæ хуæрзтæ дæр, лæгъузтæ дæр,—загъта йип не 'ннæ 'мбал,—æма хуæздæртæ лæгъузти туххæй ку фесæфонцæ, уæд йе хуарз куд уодзæнæй?
Мисирбий неци исдзурдта. Æ рсхæ радаудта æ къохæй, æ бæзгин æрфгутæ æринцъулдта æма мургъузкæсæ кæнун байдæдта зæнхæмæ. Ци сагъæс кодта Мисирбий, ка 'и зонуй, фал мæнмæ ба уотæ фæккастæй, цума адæм æма уой æхсæн æрзадæй, кæрæдземæ сæ бацæун ка нæ уадзуй, уæхæн сипдзин будур.
Æцæгдзийнадæй, куд мин дзурдтонцæ уой фæсте, уотемæй Мисирбий адæми нæ уарзта æма син æхуæдæг дæр уарзон нæ адтæй... Мулк ин æ фидæй берæ байзадæй, фал имæ нур ба еунæг тикис, еунæг хæрæг, хуми гæппæл æма игуæрдæнæй æндæр нецибал адтæй. Бинонтæй дæр рæвдзæ нæ фæцæй: еунæг фурт ин адтæй æма йе дæр сонт разиндтæй...
— Хуцау зонуй, кæмæн ци 'мбæлуй, уой,— дзурдтонцæ, Мисирбийи ка нæ уарзта, йетæ. Мисирбий игъуста æма лæдæрдтæй йеци фаутæ æма дзубандитæ, иста сæ æ зæрдæмæ, фал, цума неци зудта æппундæр, æхе ба уотæ дардта.

II



Уалинмæ уарун дæр гъоскæнун райдæдта. Мегътæ сæхе исистонцæ, æма арвгæрæнттæ фæррохс æнцæ. Раргом æнцæ нæуæгæй хуæнхтæ, гъæдтæ æма зæнхæ. Гъæууон мингий æма нарæг гъæунгти фæззиндтæнцæ адæм дæр. Мингий усмæ, уæдта æвеппайди гъæунги гъæр æма згули исцудæй. Ци 'й йе, зæгъгæ, мах рауадæн æндæмæ. Кæсæн æма, дин, уæлæ фахсбæл сауæдони дон-дон, арви нæрунау гур-гургæнгæ, дортæ æ разæй тæргæ рацæуй хæрæ. Иеу устур дор тубудтитæгæнгæ, фæдесони хузæн, раздæр æрхæццæ 'й, исцавта æхс йеу хæдзари сæрбгел, фесхъиудтæй æма рандæй дæлдæр... Ци гъæунги æрцæуйнаг адтæй хæрæ, уой фæлдзос адæмæй райдзаг æй. Еугурей цæсгæпттæ дæр адтæнцæ къех æма тарстхуз.
— Гъей, гъей! — цудæй адæми æхсæн гъæр,— гъæуай кæнæд алке æхе! Рацæуй, хæ­рæ рацæуй!..
Тарст æрахæета йеугурей дæр, бустæги ба сæ хæдзæрттæ донгæрон кæмæн адтæнцæ, уони. Лæгтæ фонси йергьæви фæцæнцæ. Уоститæ æма кизгуттæ ба хæдзайрон листæг дзауматæ синхонтæмæ давтонцæ, уалинмæ хæрæ дæр гур-гур æма æрсæн-пурсæнтæгæнгæ гъæунги исмедæг æй. Гъæунгæ адтæй идтæг унгæг; йе-угурæй æ фæтæ æййафта дууæ сардзини, кенæ ба мингий фулдæр. Хæдзарæй-хæдзарæмæ æ фæймæ фарси адтæнцæ листæг хурæй тæссонд даст. Уæхæн мингий гъæунги уæхæн устур хæ­рæ фæндон над не 'ссердта æма хæдзæртти сератæ уæд, хурдаст уæд — йеугурæй дæр сæ бурцитæгæнгæ цудæй.
Адæми згули æма хæри æнсар гъæрмæ æз Мисирбийи нæбал æргъуди кодтон, æрæги-дурæги ба 'й æристæфтæн: йеу зæронд, уотид гъæдæй копд кирæ æ гъæбеси сувæллонау ниттухта, уотемæй сæ медтургъæ истадæй. Æ зæрдæй кири хæццæ адæммæ раледзунмæ гъавта, фал æй хæрæй бон нæбал фæцæй æма къех лæугæ райзадæй æ медбунат. Кумæ ма лигъдайдæ? Гъæунгæрдиги — хæрæ, иннæрдиги ба синхон хæдзæртти сератæ æрзилдæнцæ тургъæбæл. Тургъæ ба адтæй бустом мингий гæппæл. Хæрæ фиццаг Мисирбий хæдзари æндаг сера фехалдта, уæдта тургъæмæ кæлуыи фæцæй. Гурухсаг нæбал адтæй, хæдзарæ бунтон ихæлд ке ниццайдæ, тургъæ ба хæрæй ке байдзаг адтæйдæ, йе.
— Кирæ ниууадзæ! — гъæр кодтонцæ адæм Мисирбиймæ,— æма дæ уоци фарс хæдзари хурæбæл уæлиндзæмæ исхезæ!..
Адæммæ ку байгъустайдæ Мисирбий, уæд уæлиндзæй иннæ гъæунгмæ рæвдзæ рахезæн адтæй, фал æй æ кирæ ниууадзун нæ фæндадтæй, æд кирæ бабæй хурæбæл исхезун нæ бафæразтайдæ.
–Ме 'хца кæми исæфунцæ, уоми гъæуама мæхуæдæг дæр фесæфон! — исгъæр кодта Ми-сирбий æма æд кирæ дæлгоммæ æрхаудтæй... Уалинмæ хæдзарæ дæр аллирдиги змæлун æма кæлун байдæдта; хæрæ тургъæмæ бай-вулдæй æма Мисирбийи æд кирæ æ буни ник-кодта...
–Æллах, æллах! — дзииазтонцæ адæм,— фесавдæй лæг, фесавдæй!..

III



Хæрæ æ куст бакодта, уæдта æрсабур æй. Адæм æнгулфæй бацудæнцæ Мисирбийи тургъæмæ æма йин æ мард хæри бунæй исистон-цæ. Бауæр йеугурæй ницъцъæрæмухститæ 'й; тог мизтæй аллирдæгæй, гъостæ, гъæлæс æма фиидзи цъæстæ сигит æма зменсæй байдзаг æнцæ... Йеу зæронд уосæ резгæ хъурæй зæрд-дон гъарæнгæ никкодта, æма адæм никкудтæн-цæ... Изолмæ игъустæй адæми кæунгъæр æма сауæнгæ зæрди бунмæ гъардта... Рарвистонцæ гъæргæнгутæ иннæ хуæнхаг гъæутæмæ, æма цудæнцæ уордиги дæр адæм хъонц æмæ тæфирфæс кæнунмæ...
Дуккаг бон Мисирбийи марди фæлуст искодтонцæ, нийæвардтонцæ нæуæг конд кири, исаргъудта ибæл саугин, æма 'й банигæдтонцæ...
— Æнамонд адтæй æма æнамонди мард ракодта,— хъонц кодтонцæ беретæ,— фал цума циуавæр кирæ адтæй, Мисирбий æхе кæбæ фесавта, йе?
— Райгон кæнун æй гъæуй,— исдзурдта адæмæй йеу.
Кирæ фæззиндтæй, æма ибæл адæм æрзилдæнцæ фæйнердигæй. Йеу бæзæрхуг, сауцъарæгæсгæ лæхъуæн ин фæрæти мæкъурæй а къума расаста. Йеу усмæ, уæдта кирæ, алли хузæн æхцатæй йе 'мбæр, уотемæй райгон æй...
Адæм æнæ хъипп, æнæ стуф æхцай кирæмæ сæ цæститæ ниццавтонцæ. Йеу дзæвгарæ фæллæудтæнцæ уотемæй, уæдта кæцæйдæр æркод-тонцæ Мисирбийи сонт фурти Баззей кири сæргъæмæ.
— Уинис, Баззе,— загъта йин еу зæронд лæг,— дæ фидæ дин цæйбæрцæ æхцатæ ниууагъта æ фæсмæрдæ...
Баззе æ сунтæбæл фæххуæстæй, низзулун кодта æхцатæрдæмæ æ дзангъир цæститæ æма ходунти фæцæй:
— Хе-хе-хе! Æхцатæ, æхцатæ! Хе-хе-хе!


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
This work was in the public domain in Russia on the URAA date January 1, 1996, according to the Law 09.07.1993 No 5351-1 which was enacted on that date:

  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 50-year protection term was applied;
  • and the creator died before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1946 (more than 50 years ago from 1/1/1996).

The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 88 years or less since publication (if applicable).