Æхгæд Зæрдæ (Малиты)
Сах кастæй рæфтон тæвдæ хор. Æргъау æркъупхæ 'нцæ донбæл æма бонасадæн кодтонцæ. Дони билæбæл, æргъаумæ хæстæг, донхæреси буни бадтан æз æма зæронд гъонгæс Бид-зих.
Цудæй мæи бæрцæ, Бидзихи хæццæ кæрæ-дзей кæдæй базудтащуæ.лæй. Æз йеци сæрдæ цардтæн гъæдрæбуп уотари, йе ба уоцирдæмæ йс 'ргъау арæх скъæридэе. Æргъау цалдæп рæфтон уолæфт кæпионцæ донбæл, уалинмæ æз æма Бидзих дзубандибæл исбадианæ дон-хæреси буни, аууоки.
Бидзих адтæй бæзæрхуг, ставдгомау лæг, æ сау цæрмип ходæ, æ зæропд скъудтæ цохъа æмбуд хæдони æндегæй ^рагæл æййевуйпаг ал] тæнцæ, фал ни, æвæдзи, нард уæхæн равгæ пæ лæвардта. Гъунтъуз æрфгути бунæл æп-къард æма дæлбуикæсæ кодтонцæ уой фæл-мæн цæститæ. Бидзих æкæ уосæ кс 'рзæронд æй, уой зудтон, фал гъуддаг цæмæн уотæ 'рцу-дæй, йе ба мин бæлвурд нæ адтæй.
–Хуарз нæ 'й, Бидзих,— батхалдтон имæ æз,— æнæ уосæй ке 'рзæронд дæ, йе.
–Ци киндæуа, мæ хор,— загъта мин Бидзих гузавæ хъурæй,— амонд агоргæ нæ 'и.
–Нæ, Бидзих, æз уотæ нæ зæгъун.
–Мадта куд зæгъис?
–Амонд нæ агурдтай, æндæра 'й иссердтайсæ.
Бидзих баходæзмолтæ 'й, фал неци исдзурдта йеу усмæ, уæдта равналдта æ галеу фарсмæ, сласта кæрдбадзæй кард æма æ лæдзæги сæр амайун райдæдта. Балæдæрдтæн, мæ дзубандий æздæх æ зæрдæмæ ке нæ бацудæй, уой. Æндæр ести дзубанди æркæнунмæ куд гъавтон, уотæ надæрдиги топпи гъæр фæццудæй. Фæкъкъех ан дууемæй дæр. Уалинмæ нади фездæхæни, урдугмæ æд нимæт, æд топп, гъазгæ æма сергæ фæззиндтæй бæхгин. Уой фæдбæл æрурдуг æй дууæ уæрдуни. Раззаги бадтæнцæ æртæ кизги, сæ еу хизæй æмбæрзт, æма лæхъуæн — бæхдзорæг. Кизгуттæй йеу цагъта фæндур, иннæ уæрдуни ба бадтæнцæ лæхъуæнтæ. Стур айдæнæ се 'хсæн æрттевæнтæ кодта хормæ. Се 'гасей фæсте заргæ цудæнцæ бæхгинтæ.
–Атæ киндзхонтæ ‘нцæ,— сабургай исдзурдта Бидзих.
Донгони киндзхонтæ бæхтæ дондарунбæл йеу усмæ бадзебæл æнцæ. Донордæг ку фæцæнцæ, уæд зарун гъæр æма фæндури цагъд нæуæгæй исигъустæнцæ. Дзæвгарæ, сæ фæййаууони уæнгæ, сæ фæсте кастан æз æма Бидзих донхæреси бунæй. –Гъс, Бидзих,— загътон æз ходгæй,— йеци рæсугъди кæмæн фæххонунцæ, уомæ, цума, нæ хицæ кæнис?
Бидзих зæнхæмæ кæсгæй цидæр бахъур-хъур кодта йæхенимæр, уæдта сиргъувта æ цæститæ мæнæрдæмæ æма мæмæ листкæсæ никкодта; адтæй цидæр уæззаудзийнадæ йеци касти. Бæрæг адтæй, киндзхонти уиндæмæ уой зæрди цидæр ке 'ригъал æй, йе.
–Амонд агорæ æма 'й иссердзæнæ, зæгъис, фал уотæ нæ 'й,— загъта мин Бидзих æрæгиау, –æз æй агурдтон æма 'й не 'ссердтон.
– Агорун дæр зонун гъæуй, Бидзих,— батхалдтон бабæй имæ æз, — амонд не 'ссерундзийнадæ, æвæдзи, дæхс лазæ адтæй.
'Ма уой туххæн дин æз æрхæсдзæпæн таус,— загъта мин Бидзих.— Мæ лæхъуæни доги, цудæй мæбæл, æвæдзи, фондз æма инсæй анзи, уæд æз адтæн лæскъдзæрæни йеу гъæздуг æссонмæ, худтонцæ 'й Иналдо. Кæми фиййау, кæми уотаргæс, уотемæй евгъудæнцæ бæпттæ. Уотармæ хаттæй-хатт фæззиннидæ, цид, Иналдой кизгæ Зулемæт. Æхцул, таведзæгæнагæ адтæй йе мæнбæл. Хебæрагæй байзайгæй дзубанди, цид, раеудагъ уидæ не 'хсæн. Адгин гъарæ кодта мæ зæрдæмæ уой цъухи дзурд. Арви ирдæй рæсугъддæр адтæй æ цæстæнгас. Ме 'хснуйнаг, ме 'мпъозуйнаг,— гузавæ мæ нецæмæй уагъта, гъуд мæ кодта, мадæй райгургæ хуæрау. Кæми ниллæудтæй ме 'взонг зæрдæ,— фехсайдта Зулемæтмæ, фал ин мæ зæрдиаг ской кæнун ба нæ разæнгард кодтон.
Цудæнцæ бонтæ. Афæй мæбæл ку рацудæй лæскъдзæрæни, уæд нæхсмæ цæун фæндæ скодтон.
–Цæй, нур мæ рахсцæн кæнæ,— загътон æз еу бон мæ хецауæн, — афонæ мин æй нæхемæ.
–Барæ дæу,— загъта мин йе,— æз дæ нæ къулумпи кæнун, абони сбæрæг кæнæ дæ мизд, исон—фæндараст.
Уотæ зæгъгæй, æссон гъæдæрдæмæ исевгъудæй фæрæти хæццæ — æнгъæл дæн, сæмæйнаг æй æркæнун гъудæй. Йеци бон æз адтæн уотаргæс.
Сæумон гъудтæгонд ку фæдтæн, уæд медосонгæ арти фарсмæ сагъæси бадт бакодтон. Адтæй фæззигои сæлфæг бон, æма мæ зæрдæ æндæмæ не 'хсайдта. Арт сугъдæй мæ размæ, пеллонтæ скъардта аллирдæмæ.
— Ци сагъæс кæнис, Бидзих,— сдзурдæй мæ фæсмæкъур фæлмæн гъæлæсæй.
Ракастæн — мæ размæ лæудтæй ходæзмолтæ идзулддзастæй Зулемæт.
–Æгас цо, Зулемæт,— загътон æз æма фестадтæн арти фарсæй.
–Бадæ, бадæ, цæмæн истис,— сдзурдта Зулемæт.
Фæстæмæ æрбадтæн арти фарсмæ. Зулемæт ба лæугæ байзадæй мæ сæргъи.
–Æз цæунмæ гъавун нæхемæ исон, Зулемæт,— загътон æз йеу усми фæсте.
–Йеугур цуд, æви бæрæг кæнунмæ? — бафарста мæ Зулемæт.
–Йеугур цуд.
–Мадта де 'мпъозуйнæгтæ æрдарæ, æз бадин сæ барæвдзитæ кæнон дæ цæунмæ,— загъта мин Зулемæт.
Æмпъозуйнаг мæмæ берæ нæ адтæй — æрмæст мæ йеу дзабур йеу рауæн рахудихалд æй, æма имæ уой равардтон. Зулемæт æндæуосонгæ къудуронбал æрбадтæй, æриста сæрбæттæнæй æрций æд бæхснуг æма дзабур æмпъозун райдæдта.
«Нур ралæудтæй мæ сахат, — фæндæ кодтон мæхенимæр,— райгои кæнон ин мæ зæрдæ, ци фæдтæн, уой фæдтæн».
Мс 'уæнгтæ куддæр базир-зир кодтонцæ, фал мæхебæл фæххуæстæн, фестадтæн арти фарсæй æма Зулемæти цормæ рацудтæн. Зулемæт мæмæ куддæр къех каст никкодта, æвæдзи, мæ хузæ мæхе кеми нæбал адтæй.
–Зулемæт! — исдзуртон æз тæрсгæ хъурæй.
–Ци кæнис? — бафарста мæ йе, дзабур æмпъозун ниууадзгæй.
–Уарзун дæ! Уарзун дæ! — исдзурдтон æз дууæ хатти, уæдта, цума, цавддор фестадтæн, уотæ фегомуг дæн.
Зулемæт рагæпп кодта къудуронæй, фехста мин еуварсмæ мæ дзабур. Дзабур бадæлгоммæ 'и согфадæни листити 'хсæн.
—Мæгурдæйраг,— загъта мин йе мæстхузæй,—æз дин тæрегъæд кæнинæ æма дæ æхцул таведзæгæнгæ уомæн гъуд кæнинæ, ду ба æндæр зæрдитæ дæхецæн байвардтай!
Уотæ зæгъгæй, Зулемæт цидæр фæцæй мæ цорæй. Зæнхæ мæбæл разилдæй. Нецибал балæдæрдтæн йеу усмæ. Æз æнгъæл нæ адтæн, Зулемæт мæнæн уотæ зæгъдзæнæй, уой. Фехгæд æй мæ зæрдæ æмæ нæбал райгон æй уæдæй нурмæ...
Бидзих нигъгъос æй. Æз дæр имæ нецибал исдзурдтон.
—Æргъау фезгули æнцæ,— загъта Бидзих еу усми фæсте æма фестадæй донæхсинцъий бунæй.
Фонс æцæгæй сæхе йесун байдæдтонцæ донæй.
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
The author died in 1942, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 81 years or less (if applicable), or the copyright term is 88 years or less since publication (if applicable). |