Jump to content

Цæргæстæ (Багъæраты)

From Wikisource
Цæргæстæ (1916)
by Багъæраты Созыр
290539Цæргæстæ1916Багъæраты Созыр


ЦÆРГÆСТÆ


Нифсгун Нартæн нирризтæнцæ сæ обæйттæ —
думуй сæбæл сæ уарзон Аллай дунгæ.
Ратахтæнцæ обæйтти къумтæй цæргæстæ —
рамбурд æнцæ хъазауат искæнунмæ.
Гъæйт-гъæйт, мардзæ, цъæх цохъати нæ лæппотæ,
не 'нсувæртæ, Оссой бæгъатæр фурттæ!
Нæртон арцæй æвæлмæцгæй куд хуæцетæ, —
алли хатт дæр кади фæдбæл мæлетæ.
Гъæддон къуар уин уæ нихъхъæртунмæ бæллунцæ,
уе 'мхузæнттæ, уæ фазон æнсуртæ.
Зонетæ, сæ тог ирайгæй куд мæлунцæ.
Зонетæ син сæ хъазауати гъæртæ.
Уе'мтог — гурдзйаг уæ къуари хецау, уæ фидæ,
уегасей дæр æ фуртти бæрцæ уарзгæй,
даруй уæбæл исарæхсунмæ æ зæрдæ —
бæздзйайтæ ин уæ нæртон тог ирайгæй.


1916 анзи ноябри 5 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 107 years or less since publication (if applicable).