Jump to content

Хъуыбады (Хетæгкаты)

From Wikisource
Хъуыбады (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290200Хъуыбады1899Хетæгкаты Къоста


ХЪУЫБАДЫ


Сæрдæй, зымæгæй,
Гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады
Зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг...

Кæйдæр дзæгъæлзад,
Лæппуйæ баззад
Йæ сау бындурыл...
Кæдæм–иу бафтыд,
Уым–иу фæкафыд
Кæрдзыны мурыл...

Бæгънæг, бæгъæввад,
Ыстонг, уысмæн над
Хуыцауы рæстæй!
Цъыфæй ныррæсыд, –
Хæфсытæ уасыд
Йæ къахы скъуыдтæй...

Бын бауай, иунæг,
Дзыллæтæй иу лæг
Кæй нæ рæвдыдта!
Фæсмон фæкæна,
Мæрдты дзыназа,
Дæу чи ныййардта!..

Дæу урс æхсырæй,
Дæу худгæ–хурæй
Чи нæ бафсæста!
Дæу цардуалдзæджы
Йæ хъарм хъæбысы
Чинæ ауызта!

Фыййау куы уыди,
Уæд–иу хуыссыди
Тæдзгæ–ыскъæты;
Мит–иу куы уарыд,
Уæд–иу ныззарыд
Къæдзæхлæгæты...

Уæд фос куыд уарзта? –
Фæсал цын ласта
Иæ салд æрчъийæ!..
Йæ зард нæ уагъта, –
Фæндыр ыскъахта
Бæрзбызычъийæ...

Бæрзонд урс хæхтæ,
Æнкъард къæдзæхтæ,
Æгомыг бæлас
Фыййауы уарзынц
Æмæ йын зарынц
Сæ сусæг ныхас.

Цæргæсы бæллын,
Уæларвы нæрын,
Дымгæйы хъарæг,
Цæф сæгуыты маст,
Æхсæрдзæны хъазт –
Фыййауы зарæг...

Фæскъæвда хур бон
Уымæл ривæддон,
Рæсугъд хизæнтæ,
Æфсæст фосы дзуг,
Сæрибары дуг –
Фыййауы сæнттæ.

Фæлæ нæ амонд
Æнæ сæрнывонд
Нæ хæссы бирæ! –
Æнæ аххосæй
Фыййауы фосæй
Нæ хæссы бирæгъ!

Æмбаргæ фыййау
Иæ фосы рæгъау
Нымадæй дары,
Фæлæ Хъуыбады
Йæ фоснымады
Фынддæс нæ ары...

Кæм цæ агура?
Кæмæй цæ кура? –
Хъæр цæ кæм уæнды!
Лæгдзарм тæнæг у,
Æлдар фыдлæг у,
Мæлын кæй фæнды?..

Фæлидзон, загъта...
Йæ фос фæуагъта
Хъæу–сæр уæзæгыл,
Йæхæдæг алыгъд,
Дыгурмæ ахызт
Адай–æфцæгыл...

Ирæй, Кæсæгæй,
Фæндырдзæгъдæгæй
Кæм нæ фæхатти?
Цытджын Калачы
Иæ зарды руаджы
Сæндæтты бадти.

Иæ хорз зарджытæн,
Иæ хорз кадджытæн
Кæрон кæм уыди?
Æнæ фæхудгæ,
Æнæ фæкæугæ
Цæм чи лæууыди?!.

Йæ къах нæ фæллад,
Йæ зард нæ фенад
Иæ цæугæ–царды...
Æрмæст нæ хъæумæ
Куырмæй фæстæмæ
Æрцыд Хъуыбады...

Сæрдæй, зымæгæй,
Гуыбыр–тызмæгæй,
Йæ къæрит кæрцы
Ныхасы бады
Зæронд Хъуыбады, –
Нæ йæ зоныс, цы?..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.