Jump to content

Хосдзау (Гæдиаты)

From Wikisource
Хосдзау (1906)
by Гæдиаты Секъа
289503Хосдзау1906Гæдиаты Секъа


ХОСДЗАУ


Мæ гутон — мæ дарæг,
Мæ галтæ —мæ цард.
Зæгъын дын мæ зарæт,
Вайхъус мæм æнцад...

Дæргъауæдз — мæ хуымтæ,
Мæ хосгæрст — æфтыд.
Зæгъон дын мæ зынтæ:
Нæ уыдтæн рæвдыд.

Фæхудынц мыл хъалтæ:
Нæ зарыс дзæбæх;
Хæрзифтонг — мæ галтæ,
Мæ фæндаг — уæрæх.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.