Jump to content

Халон æмæ цавргæс (Гæдиаты)

From Wikisource
Халон æмæ цавргæс (1912)
by Гæдиаты Секъа
289841Халон æмæ цавргæс1912Гæдиаты Секъа


ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС


Цæргæс æмæ халон
Лымæнтæ скодтой,
Æнæ кæрæдзи
Къæбæр нæ хордтой.

Халонæн цæргæс
Кодта лæвæрттæ
Сæгуыты фиутæ,
Сагæн йæ нæрдтæ.

Уæддæр ма халон
Фæлмæнтæ 'взæрста,
Хæйттæ фæсаууон
Йæ рæтты 'фсæрста.

Цæргæс а'м дзуры,
Халонæй куры:

Цы кæныс халон?!
Бирæ дæ уарзын,
Фæлæ дæ хъалон
Миййаг нæ дарын.

Хæйттæ цы 'мбæхсыс,
Фаг нæу мæ лæвар?
Кæд афтæ кæныс,
Уæд цæр дæхи бар.

Ныппæррæст ласта,
Уæларвмæ сфардæг,
Халон та баззад, —
Хæдмæлты уазæг.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.