Jump to content

Халон æмæ цæргæс (Гæдиаты)

From Wikisource
Халон æмæ цæргæс (1912)
by Гæдиаты Секъа
289847Халон æмæ цæргæс1912Гæдиаты Секъа


ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС


Халон загъта цæргæсæн:
— Цæй, иумæ хæтæм,
Холытæ бирæ ис хъæугæрон, —
Иумæ сæ хæрæм.
—Гъей!—загъта цæргæс халонæн,-
Æз хæдмæлхор нæ дæн;
Æз мæхæдæг кæй не 'рцахсон,
Уый хæрæн мын нæй.
Цу, дæхæдæг, хæдмæлтæ хæр,
Мæн ма мар хъæрæй!

 * * *
Дæхæдæг кагй нæ бакусай,
Уый хæрын æфсæрмы кæн.
Худинаг у искæй фæллой
Хæрын лабгæн.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.