Jump to content

Халон æмæ идæдз ус (Гæдиаты)

From Wikisource
Халон æмæ идæдз ус (1912)
by Гæдиаты Секъа
289853Халон æмæ идæдз ус1912Гæдиаты Секъа


ХАЛОН ÆМÆ ИДÆДЗ УС


Халон идæдз усы карчы цъиу аскъæфта,
     Æмæ йæ хордта.
Идæдз ус æй фæстейæ сырдта, хъæргæнгæ,
     Йæ фæстæ ызгъордта.

— Бабын уай, — загъта, — халон! — сдзырдта
     Идæдз ус.
Цы фаг дын у мæ карчы цъиу?
     Иу комдзаг, иунæг рус.

Фæлтау хъазтæ куы хæссис,
     Бур-бурид — сæ фиу,
Раст дын афæдзваг уаид
     Иу хъазæн йæ риу.

Фæлæ æвзæр дæ, æвзæр, халон,
     Фесæфа дæ сæр!
Мæргъты фыддæр дæ! — зæгъин дын
     Цæхгæр.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.