Jump to content

Фысым (Гæдиаты)

From Wikisource
Фысым (1906)
by Гæдиаты Секъа
289502Фысым1906Гæдиаты Секъа


ФЫСЫМ


Адард дæн мæ фыдыбæстæй,
Хур мыл баталынг, изæрау.
Хъазыбеджы хохрæбынты
Федтон мæгуырæй нæ рæгъау.

Мадау, мæн дæр барæвдыдта,
Æхсырæй хæсдзынæн, — загъта.
Царвы дурын куыдз бахордта,
Хъæстæл та уæд мæнæн радта.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.