Jump to content

Фыд йæ фыртæн фæдзæхсы (Тогуызты)

From Wikisource
Фыд йæ фыртæн фæдзæхсы (1917)
by Тогуызты Газакк
290765Фыд йæ фыртæн фæдзæхсы1917Тогуызты Газакк


ФЫД ЙÆ ФЫРТÆН ФÆДЗÆХСЫ


Хъæддаг сырдæй, мæ хур, зæххон лæг нæу
Нырма зынгæ уæлдæр йæ цардæй.
Фæлæ йæ ныхмæ фидар лæуу
Мæнау æд топп, æд кардæй.

Зынаргъ уа хъуамæ саргъы бæх лæгæн,
Куыд у зынаргъ йæ базыр маргъæн.
Фæлæ мæ фæстæ хорз аргь кæн
Дæ бæх æмæ дæ саргъæн.

Чысылæй саби к’ уаид мадæй цух,
Уæд ын-иу мæй дæр тын нæ уафид.
Дæ мадмæ ратт, мæ хур, дæ къух,
Ныр ын йæ фæллой бафид.

Зæххыл йæхи бæстæ, лæджы хуызæн,
Фылдæр йæ мадæй уарзы маргъ дæр.
Зæгъ-ма, мæ хур, цы дын уыдзæн
Дæхи бæстæй зынаргъдæр?

Мæрдты дæ бæхæн уæд нæдæр цæуæн,
Нæдæр ын уæд фæндиаг сирæн, –
Ды мын нæ хæхты ‘хсæн фыртæн
Куы нæ сбæззай нæ Ирæн!


1911 азæй 1917 азы ‘хсæн

Public domain
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States prior to January 1, 1929. Other jurisdictions have other rules. Also note that this work may not be in the public domain in the 9th Circuit if it was published after July 1, 1909, unless the author is known to have died in 1953 or earlier (more than 70 years ago).[1]

This work might not be in the public domain outside the United States and should not be transferred to a Wikisource language subdomain (or as a file it should not be migrated to the Wikimedia Commons) that excludes pre-1929 works copyrighted at home.


Данная работа, впервые изданная до 1929 года, находится в общественном достоянии по законодательству США, и может быть опубликована здесь, в мультиязычной Викитеке. Но эта работа не может быть опубликована в национальной Викитеке, которая должна подчиняться законодательству России, т. к. работы этого автора (за исключением изданных до 7 ноября 1917 года) пока не вышли в общественное достояние в России. Этот автор умер в 1938 году и был посмертно реабилитирован в 1955 году, соответственно эта работа выйдет в России в общественное достояние в 2026 году.

The author died in 1938, so this work is also in the public domain in countries and areas (outside Russia) where the copyright term is the author's life plus 80 years or less.

PD-US-1923-abroad Public domain in the United States but not in its source countries //wikisource.org/wiki/%D0%A4%D1%8B%D0%B4_%D0%B9%C3%A6_%D1%84%D1%8B%D1%80%D1%82%C3%A6%D0%BD_%D1%84%C3%A6%D0%B4%D0%B7%C3%A6%D1%85%D1%81%D1%8B_(%D0%A2%D0%BE%D0%B3%D1%83%D1%8B%D0%B7%D1%82%D1%8B)