Jump to content

Фиййауы сагъæс (Гæдиаты)

From Wikisource
Фиййауы сагъæс (1912)
by Гæдиаты Секъа
289828Фиййауы сагъæс1912Гæдиаты Секъа


ФИЙЙАУЫ САГЪÆС


Фыццаг лæг уыд сæрибар,
Зæххыл-иу куыста уæрæхæй.
Уый фæстæ нал уыд йæхи бар, —
Цæджындзыл баст у уæрдæхæй.

Хосгæрст ын уыд йæхи фаг,
Хуымæн дæргъауæдз æвзæрста.
Задæй бæгæны цæдæджинаг
Къуырийæн иу хатт æхсыста.

Хæбизджын минас нæ хуыдта, —
Бур физонæг, сау бæгæны.
Æлдар, цагъарад нæ зыдта —
Ныр лæг сдзурын нæ уæнды.

Фосæн нæ хъуыди хизæггаг, —
Уæгъдибарæй-иу фæхызтой.
Уастырджийæн-иу кусæрттаг
Алы бæрæгбон аергæвстой.

Ныр фос ыскуынæг, ысцыбыр,
Зæххыл нал арынц хъæмпытæ.
Къухтыл æвæрд ис æрмгуыдыр,
Къæхтæй ма кæнæм гæппытæ!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.