Jump to content

Фиииаеуттæ æмæ куыйтæ (Гæдиаты)

From Wikisource
Фиииаеуттæ æмæ куыйтæ (1912)
by Гæдиаты Секъа
289842Фиииаеуттæ æмæ куыйтæ1912Гæдиаты Секъа


ФИЙЙÆУТТÆ ÆМÆ КУЫЙТÆ


Фиййæуттæ нæл фыс аргæвстой,
Нард нæл фысы фыд хордтой.
Куыйтæ сæм æнхъæлмæ кæсынц,
Æхсыд стджытæ сын дæттынц.

— Ехх! — загъта зæронд куыдз,
Дзуг мах хъахъхъæнæм,
Сырд, æвзæргæнæг дзугмæ
     Æмгæрон нæ уадзæм,
Фæлæ нæ уæддæр тæрынц,
     Æхсыд стджытæ нын дæттынц.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.