Фæкæс-ма, Ауызби! (Коцойты)
— Нæ мæ фæнды скъоламæ цæуын,— загъта Тебо, йæ чингуытæ зæхмæ аппаргæйæ. Йæ худ йæ сæрæй фелвæста æмæ уый дæр чингуытыл ныццавта. Сындæггай йæ дзыппæй сласта бапъерозты къопп, иу дзы систа æмæ йæ къухæй æууæрды. — Знон æртæ сомы æмæ æхсæз суарийы рамбылдтон... Спичкæтæ дæм нæй?
Йæ разы лæууыди йе ’мбал Ауызби æмæ цыбæл каст кодта Тебойы бапъерозмæ.
— Авæр мын иу бапъероз æмæ дын ратдзынæн спичкæ. Ссыгътой дыууæ лæппуйы бапъерозтæ æмæ дымынц. Тебойыл цæуы иуæндæс азы, Ауызбийыл та дæс азы.
— Мæн дæр нæ фæнды скъоламæ цæуын, — загъта Ауызби. Тебо йæ худ йæ сæрыл асагъта, чингуытæ йæ дæлармы акодта æмæ загъта:
— Цом фаллаг фарсмæ, — уым афонмæ сæ тæккæ хъазгæйæ сты æхцайæ.
Фæздæгкалгæ араст сты дыууæ лæппуйы фаллаг фарсмæ. Хидыл Тебо цыди разæй, Ауызби — йæ фæстæ.
— Мæнмæ иу капекк дæр нæй, — дзуры Ауызби размæ. Тебо фæкасти фæстæмæ.
— Æз дын æхсæз суарийы ратдзынæн, сомырдæг-иу мын бафид. Фаллаг фарс уынджы тигъыл бадти куырм мæгуыргур, йæ разы йæ худ уæлгоммæ фæлдæхтæй, худы мидæг лыстæг æхцайы дзыгуыр.
— Кæс-ма, дæлæ цас æрæмбырд кодта, — сындæг сдзырдта Ауызби.
Ауызби фæлæууыд, зæххæй гыццыл дур фелвæста.
— Братья, сестры родненькие, подайте слепому на пропитание! — æнæрæнцойæ хъæрæй сидтис куырм.
Ауызби ныппæрста дур худмæ æмæ дзы æхцайы дзыгъал-мыгъул ссыд.
— Спаси вас господи! — йæхиуыл дзуар афтыдта куырм.
Ауызби аййæфта йе ’мбалы.
— Федтай? — афарста Ауызби.
— Молодец! — сдзырдта Тебо. — Цом тагъддæр.
Тебо æнхъæл кæм уыди, уыцы ран æцæг бадти æртæ лæппуйы æмæ къамæй хъазыдысты. Алкæмæн дæр йæ разы уыди лыстæг æхцаты дзыгуыр. Æрбадтысты Тебо æмæ Ауызби дæр æмæ хъазын байдыдтой.
Рацыдаид иу сахаты бæрц, афтæ Тебо æмæ Ауызбимæ иу капекк дæр нал аззади. Абадтысты ма мæстæй мæлгæйæ иучысыл, стæй сыстадысты. Араст сты Буачидзейы уынджы фалæрдæм. Дæлæ иу чызг ссæуы. Лæппуты размæ куы схæццæ ис, уæд ын Тебо йæ фæдджи раивæзта.
— Хулиган!
— Сама хулиганка!
Цæуынц дарддæр.
Дæлæ уæзласæн æхситтытæгæнгæ стæхы. Ауызби иу чысыл лæппуйы худмæ фæлæбурдта æмæ йæ уæзласæны цалхы бынмæ баппæрста. Худыл цалх атылди æмæ йæ цъыфы ныссæста. Худы хицау кæугæйæ баззади.
Тебо æмæ Ауызби чъыллиппытæ кæнгæ цæуынц дарддæр.
— Фæкæс-ма, Ауызби! — фæхъæр кодта Тебо æмæ трамвайы рæзты йæхи цæхгæрмæ ауагъта. Ватман тормоз фæзылдта, фæлæ байрæджы ис, — лæппуйы цъæхахст æмæ æрдиаг айхъуыстысты уынджы. Алырдыгæй адæм згъордтой, фыдбылыз кæм æрцыди, уырдæм.
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 83 years or less since publication (if applicable). |