О, Уашкерги, нифши изæд,
Чи кувд дин кæнæн æвзарæй,
Йе нæ фидбилизæй хезæд
Дæ мæтæ 'ма дæ барæй!
Уæрагбадтæй, лигьстæй,
Кæнæн дæ Хуцаумæ минæвар, —
Цæрæн тæрегьæдæй æвистæй
Æ хуæржеугутæй æд лæвар!
Ан нæ уодтæй æхсæдуйнаг
Нæ царди, нæ мæнгæ бæшти,
'Ма дæ кæнæн нæ ковуйнаг,
Сугидзагæй нæ дууæ цæшти!
Райсæ нин нæ кувд, уорс бæхгин,
Ма рахатæ ни дæ гъос,
Хатир нин кæнæ, нæ адгин:
Ан фиййаугьæуагæ æмбурд фонс!
Æнгьæл мах домæ ку кæсæн
Фæлдист адæм кæмидæр йе,
Нæхе дæбæл ку фæдзæхсæн,
О, Уашкерги, нæ кегьæре!
Ку дæ унгæг бони скурдиадæ,
Нæ гъæуаги — æнхусгæнæг,
Таши сæри — æнцойадæ,
'Ма нæ хъурми — нæ гъосгæнæг!
Ковæн дин, ковæн æдзохæй,
О, уæларвон базургин:
Ка æ кушти рист къохæй,
Ка æ къæши æд рунгин,
Ка нади сæри иливдæй,
Ка æ бæдоли æрветгæй,
Ка идзулд зæрдæ, æвудæй,
Ка æ жинмæ йигетгæй,
Ка хъазауати нифсгондæй,
Ка аразгæй æ готон,
Ка ковгæ нивондæй...
Йерæн дин мах дæ ном!
Корунцæ ди нæ киндзхонтæ
Сæ нади сæри уæлбæхæй,
Сæ киндзæн нивгун бонтæ
Бацæрунмæ дзæбæхæй!
Ковуй дин уалдзæг нæ фиййау,
Æ фиййауадæ идайгæй;
Фæдзæхсуй дæбæл йе 'ргъау,
Хъал фæззæги ' й нимайгæй...
Табу дин кæнæн нæ кувдæй,
Уо нæ царди нифсдæттæг,
'Ма нæ ма уадзæ иливдæй
Æд уарзон 'ма æд хæстæг!