Хъармдæр, хъармдæр хур æртавы,
Уалдзæг рудзынгæй кæсы,
Мит нæ хуссæртты фæтайы,
Дымгæ сау мигътæ хæссы.
Тагъддæр къултыл дæттæ згъорынц,
Цинæй зарджытæ кæнынц,
Рæгъты миты семæ хонынц,
Далæ цъаламæ кæлынц.
Тынгдæр, тынгдæр хъæрæй зарынц
Хæхтæй сау сынт халæттæ,
Хъарм, сæрибар дуг æвзарынц,
Уалдзыгон хорз фадæттæ.
Сонтдæр... сонтдæр дымгæ зилы,
Хъазы нæууыл бон, æхсæв;
Халтæ, сыфтæртæ фæтилы,
Нæй... нæ сын дæтты улæфт.
Заргæ, цинæй фæзты, къулты,
Кафгæ, ленчытæ кæны;
Адæмы раз зулмæ-мулмæ
Дарддæр алидзы, тæхы.
Радгай... радгай дидинджытæ
Кувынц махæн урс сæртæй...
Уалдзæг! Уалдзæг! Уый—дæ митæ...
Бузныг... бузныг æз дæуæй!
Ризгæ... ризгæ зæрдæ хъазы,
Ризгæ, риу гуыпп-гуыпп кæны, —
Худæг уалдзæг æй нæ уадзы,
Худæг уалдзæг æм кæсы.
Уалдзæг! уалдзæг! Æз дæ курын:
Радт нæ адæмæн дæ иард,
Дардыл айхъуыса сæ дзурын,
Фæрнæй бирæ уæд сæ кад!