Тыхджын (Гæдиаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Тыхджын (1905)
by Гæдиаты Секъа
289482Тыхджын1905Гæдиаты Секъа


ТЫХДЖЫН


Бирæгъ, арс æмæ рувас
Иумæ цуаны хаттысты...
Къæдзæхрæбын хурварс,
Холыйы цур бадтысты...

Рувас райдыдта дзурын:
—Æрбайхъусут, ме 'мбæлттæ,
Уæ дыууæйæ дæр курын,
Мæ уарзонтæ, ме 'мгæрттæ,

Махæй чи у рагондæр,
Ацы холы уый фæуæд,
Æз æй дæттын абон дæр,
Уадз æмæ йæ уый хæрæд.

Рув;ас фондзыссæдз азæй
Хисдæр йæхи ысхуыдта,
Бирæгъ, — хъаймæты разæй
Райгуырдтæн, — уый ысдзырдта.

Арс та загъта: фондз азы
Æрмæст цæуы мæ гуырдæй,
Сæргуыбырæй мæ разы
Æнцад лæуут ныгъуылдæй.

Рувас ыстонгæй уасы,
Бирæгъ мæстæй нынниудта...
Тыхы дон хæрдмæ ласы, —
Арс холыйы ныххордта.



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse