Jump to content

Тæхуды (Гæдиаты, 1905)

From Wikisource
Тæхуды (1905)
by Гæдиаты Секъа
289444Тæхуды1905Гæдиаты Секъа


ТÆХУДЫ


Тæхуды, фыдæлты æвзагæй
Йæ хъуыдытæ ан зоны хъарын,
Кæмæн цæуыйц радæй, зæлдагау,
Йæ дзыхæй йæ дзырдтæ, йæ зарын.

Тæхуды, Ирыстоны сæрмæ
Куы фенин æз хурæн йæ тынтæ,
Йе, искуы ирон лæджы царды
Куы фенин децæгæй мæ фынтæ.

Тæхуды, æфсымæртау, размæ
Куы цæуиккам рухсмæ цæрдæгæй,
Казрæдзи зæрдиагæй уарзгæ,
Куы кæсиккам размæ хъæлдзæгæй.

Уæзданæй, фæрсагæй, уæййагæй,
Хъæздыгæй, мæгуырæй æмзæрдæ
Куы уаиккам! Баууæнд, нæ бæстæ
Нæ заид фæстейæ хъуагæй.

Тæхуды, нæ кæрдæдæджын къултæй
Нæ фиййæутты зарæг куы цæуид,
Най хъалтæ, нæ хуыздæрты зæрдыл
Нæ сау цард, нæ зын цард куы лæууид.

Сæ ныфсджын хъæлæс сын куы хæссид
Нæ хæхтыл, нæ фæзтыл сæ дымгæ,
Сæ цинтимæ цинтæ куы кæнид,
Рæвдыд сын куы зарид сæ хъыгмæ.

Тæхуды, нæ сонтзæрдæ адæм
Куы уарзид нæ хæхтæ, нæ бæстæ,
Сæрибар быдырон тымыгъ æй
Нæ ахæссид дардмæ нæ фæстæ.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.