Салдат (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Салдат (1907)
by Хетæгкаты Къоста
290196Салдат1907Хетæгкаты Къоста


САЛДАТ


Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд
     Чи халы барынвæндæй!..
О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, –
     Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..

Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ
     Нал ысрухскодтай, мæ мад! –
Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,
     Додой, куы райса йæ над!

“Стонгæй мæлын, гыцци!” – никæмæ бадзурдзæн, –
     Буц хæринагæн ын – кас...
Талынг къазармайы къуымы–иу батулдзæн,
     Сау хъæмп – йæ гобан, йæ баз...

Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн
     Фидиссаг цардæн йæ ад;
Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, –
     Хорз уа, æвзæр уа – салдат!

Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, –
     Чи ма йын райсдзæн йæ туг?
Ракæн–иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,
     Аргæвд–иу хистæн нæ хъуг!..

О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,
     Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..
Фенæм уал... Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, –
     Чи мæ цы айса – йæхи!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse