Jump to content

Ныстуан (Гæдиаты)

From Wikisource
Ныстуан (1914)
by Гæдиаты Секъа
289509Ныстуан1914Гæдиаты Секъа


НЫСТУАН


Райдыдтам та кусын,
Арфæ кæн, хуыцау.
Дæ хорздзинæдтæ
Ма фæкæн æвгъау.

Мæ зæрдæ ныддури,
Фырмæстæй хъæрзын:
Куы ницы та скæнæм,
Уымæй дын тæрсын.

Мауал æй ныууадзæм.
Не 'взагыл нæ тых
Æмхуызон бавзарæм,
Ныллæууæм хъæддых.

Цæмæй ныл ма худой
Фæстагон фæлтæр,
Нывондæн æрхæссæм
Уый тыххæй нæ сæр.

Райдайæм æмдыхæй
Æфсымæрты куыст.
Мачиуал ныккæнæд
Æвзæр сылы хуыст.

Цал хатты нæ газет
Худинаг фæци?!
Æрцæуæнт, фæсивæд, —
Нæ Ирæй кæм ци...

Æгъгъæд у, додойæ
Нал исæм нæ сæр.
Ныр уæддæр фезмæлæм,
Адæмау, хуыздæр.

Цъиу дæр ма йе 'взагæй
Сыстауы йæхи.
Махæн та не 'взагыл
Фæхæцæг кæм и!

О, хуыцау, фæкæс нæм,
Раст фæндаг нын радт!
Нæ уарзон кусджытæн
Та — æнæниз цард.

Мæлæтæй нæ тæрсын —
Иу хатт у нæ хæс,
Фæлæ дын фæдзæхсын:
Худинагæй тæрс!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.