Jump to content

Мыст æмæ уырц (Гæдиаты)

From Wikisource
Мыст æмæ уырц (1912)
by Гæдиаты Секъа
289852Мыст æмæ уырц1912Гæдиаты Секъа


МЫСТ ÆМÆ УЫРЫ


Мыст, худгæ, уырымæ дзырдта,
Хæрзæггурæггаг дзы куырдта:
— Гæдыйы, дам, домбай æрцахста,
Æдас, сæрибар цард нæм хуыцау æрхаста.
          Гæды нæ нал ахсдзæн,
          Фесæфт йæ кой!
Нал æруадздзæн домбай уый æнцой!
— Е-е-е-е! — загъта уыры.
Мæ хур акæнай, мыст!
Искæй ныхасæй ма кæн дæ куыст.
—Сырдтæм гæдыйæ тыхджындæр нæй,
Уастæн, фæкæна йе схæссæг дæдæй!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.