Jump to content

Ма фæсай (Гæдиаты)

From Wikisource
Ма фæсай (1912)
by Гæдиаты Секъа
289831Ма фæсай1912Гæдиаты Секъа


МА ФÆСАЙ


Ма фæсай дæхи дæр,
Ма фæсай дæ бæстæ.
Мадау дæ рæвдауы,
Ма фесаф йæ хæрзтæ.

Нæ газет - нæ зæрдæ,
Нæ чиныг, — нæ зонд!
0, хуыцау, ыскæн æй
Ныртæккæ бæрзонд!

Мачиуал фæсайæд,
Æрфыссут уæ къух.
Иучысыл бакусæм
Æмдыхæй æдзух.

Кæд æппын махæй дæр
Номы хъæр цæуид.
Мах тыххæй адæмтæй
Исчи хорз зæгъид.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.