Jump to content

Мади зар авдæни сæргъи (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Мади зар авдæни сæргъи (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290349Мади зар авдæни сæргъи1902Гуырдзыбеты Бласка


МАДИ ЗАР АВДÆНИ СÆРГЪИ


Булла, булла, мæ дууæ цæшти,
Булла ракæнæ æнцойнæй!
Булла, мæ хор, ходуни бæшти,
Булла ракæнæ, афонæ 'й!

Дæ къæлæтбæл дин ауиндзун
Мæ джиуарæ мæ реуæй, —
Ба дæ хездзæнæй дæ медфун
Дæ авдæни æвдеуæй!

Æндон кард дин дæ бажи буни
Фæтки гъæдæй æвæрун:
Фæххуссай мин æнцон фуни
Де 'ригъалмæ æнæ рун!

Булла, булла, мæ хори тунæ,
Булла ракæнæ адгинæй!
Булла, булла, мæ зæрди хунæ!
Булла ракæнæ мадгинæй!

Æнцон хуссæ, мæ зæрди чъеу,
Уо дæ йизæдæн æ йевгет!
Хæкъурччитæй дæ мингий реу
Мабал калæд æ сор хед!
Хуссæ, дæ хуссæг æрхæццæ 'й,
Нæ ми уодзæнæ йиронх;
Хуссæ, мæ мæтæ дæ хæццæ 'й,
О, мæ уод, о, мæ дор-хонх!

Булла, булла, мæ мингий дада,
Булла ракæнæ дæ уæгæй!
Булла, булла, мæ уоди гага,
Булла ракæнæ рæуæгæй!

Æй мин де 'ригъал сауæхшед,
Дæ бахуст — царди адæ...
Цæй, уо дæ йизæдæн æ йевгет,
Рун бахуæра дæ мадæ!..

Хор дæ ку 'ртава æ тунтæй
Авдæни сæумæраги,
Уæд игъал кæнæ дæ фунтæй
Бауарзунмæ дæ мади!

Булла, булла, мæ дууæ цæшти,
Булла ракæнæ æнцойнæй!
Булла, мæ хор, ходуни бæшти,
Булла ракæнæ, афонæ' й!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.