Jump to content

Мæ лымæн лæгæн (Гæдиаты)

From Wikisource
Мæ лымæн лæгæн (1912)
by Гæдиаты Секъа
289774Мæ лымæн лæгæн1912Гæдиаты Секъа


МÆ ЛЫМÆН ЛÆГÆН


Фыццагон æгъдау зæгъдзынæ:
Егарæй-иу лæг æлхæдтой;
Куы 'рхъуыды кæнай, хъæрздзынæ:
Кæвдæсарды стур æнхъæлдтой.

Ныр — иууылдæр иу, æмхуызон,
Дæлдæр-уæлдæрæй бæрæг нæй.
Иу уæнг, чи загъта, ныффыссон, —
Фылдæр хай уымæн дзæнæтæй.

Егарæй цы лæг æлхæдтой,
Уый фырт йæ дзырдæй бæрæгдæр.
Сæ фыдæлты сын æфхæрдтой,
Ныр сæхи хонынц уæлдæрдæр.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.