Мæгуыры зарæг (Хетæгкаты)

From Wikisource
Jump to navigation Jump to search
Мæгуыры зарæг (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290189Мæгуыры зарæг1899Хетæгкаты Къоста


МÆГУЫРЫ ЗАРÆГ


Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй, райдзастæй лæууынц,
Махæн та нæ сывæллæттæ
Уазал лæгæты кæуынц...

Адæмæн сæ чындзхонты хъазт
Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,
Махæн та нæ гæдыйы уаст
Мардыл кæуæгау хъуысы...

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ
Царæй фæныкмæ тæдзынц,
Махмæ та хæлынбыттыртæ
Цары ахсдæттæ кæнынц...

Адæмæн сæ фæззæджы куыст
Не 'ссы афæдзмæ куырой,
Махæн та нæ афæдзы мызд –
'Гасæй иу хоры кæфой!..



This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.

Public domainPublic domainfalsefalse