Jump to content

Къоста (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Къоста (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290354Къоста1902Гуырдзыбеты Бласка


КЪОСТА


Ка дин не 'скæндзæнæй кадæ,
Ка дин нæ ратдзæнæй æгьдау?
Ка сдзурдта, ниййергæй нæ мадæ,
Адæммæ йе 'взагæй дойау?

Тари, гьæуаггин — чирагъæй,
Скодтай æй дæ мæтæ, дæ уаргъ,
Фæйхастай æнцон дæ рагъæй,
Зонгæй йин æ уæжи æ йаргъ.

Ра 'йбæл игурдтай фæндури
Пахампарæн нин сувæллон...
Фæсмæрунцæ'й хонх, будури,
Ирæ 'ма Дигорæ дæ ном.

Нæ уинуй дæ хæстæгмæ нæ цæстæ,
Йизолмæ йигъосуй дæ нæ гъос, —
Арфæгондæй дин нæ бæстæ
Мижди æрветуй æ боз!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.