Jump to content

Катай (Хетæгкаты)

From Wikisource
Катай (1907)
by Хетæгкаты Къоста
290198Катай1907Хетæгкаты Къоста


КАТАЙ


Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!
Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?..

Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,
Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?

Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,
Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын...

Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй,
Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..

Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй,
Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..

Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй,
Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?

Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,
Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?..

Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,
Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.