Jump to content

Кæмæн цы (Хетæгкаты)

From Wikisource
Кæмæн цы (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290240Кæмæн цы1899Хетæгкаты Къоста


КÆМÆН ЦЫ...


Алы куыстæн – рад.
Дзидзидайæн – мад.

Хорз фыййауæн – фос;
Бирæ фосæн – хос.

Хоры кæндæн – зад,
Хоры хæрдæн – кад.

Сонт рæдыдæн – барст;
Хорз зæрдæйæн – уарзт.

Рагон мастæн – тад;
Загъдкъахæгæн – над.

Магусайæн – цæф;
Цырд лæппуйæн – кæф!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.