Jump to content

Зивæггæнаг (Гæдиаты)

From Wikisource
Зивæггæнаг (1905)
by Гæдиаты Секъа
289457Зивæггæнаг1905Гæдиаты Секъа


ЗИВÆГГÆНАГ


Цæмæн цæры уыцы лæг,
Адæмæн чи у даринаг, —
Æвзæр мадæй — фыдзæнæг,
Æхсæн дурæй маринаг!

Уæгъд нæ уадзы йæ базы, —
Бон-изæрмæ фæхуыссы...
Лæгау, фезмæлд нæ уарзы,
Йæ куысты сæр нæ мысы.

Стур дæр ма æфсæстæй
Барæвдауы йе 'мгары.
Æгасæй мард йæ цæстæй
Нæ фендзæни йе 'мбалы.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.