Jump to content

Дусæрон цæргæс (Багъæраты)

From Wikisource
Дусæрон цæргæс (1917)
by Багъæраты Созыр
290542Дусæрон цæргæс1917Багъæраты Созыр


ДУСÆРОН ЦÆРГÆС


Фурвуд нæ дусæрон, фурвуд нæ цæргæс
талинги мардæй, нихъулдæй дзи.
Фурвуд æ бæдæлттæ, фистонцæ се' хæс,
бунæй æвдулдæнцæ сæ рондзи.

Гъæрзгæй сæ неун-гъæр бунæй игъустæй —
тар комти тар гъæдтæ ризтæнцæ.
Худта'ймæ мæрдæсмаг берæгъти бæлттæй,
фæстегътæй халæнттæ тахтæнцæ,

Уæддæр нæ дусæрон бæдæлттæ уагъта,
æхе ефхæссун фæффæразта.
Уæддæр æ базуртæ медбæсти тилдта,
æ бæрцæ тогæй фæнниуазта.

Бухсæн нæбал адтæй се смагæй финдзæн —
мæрдæсмаг ку нилхъивта реутæ,
сæхе фæккалдтонцæ хæрдмæ фæрæзнæн,
дуйней рохс фæйдтонцæ адæмтæ.

Надбæл сæ нифсгинтæй беретæ мардæй,
уæддæр исхизтæнцæ рохс цардмæ.
Есгæд имисдзæнæй фæстагон заргæй,
сæхе куд гæлстонцæ цъæх артмæ.


1917 анзи мартъий 29 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 106 years or less since publication (if applicable).