Jump to content

Домбай æмæ мыст (Гæдиаты)

From Wikisource
Домбай æмæ мыст (1912)
by Гæдиаты Секъа
289838Домбай æмæ мыст1912Гæдиаты Секъа


ДОМБАЙ ÆМÆ МЬГСТ


Домбай мыст æрцахста, Хæрын дæ, зæгъгæ йын загъта.
—Хуыцау, дæ хорзæх радтæд, ма мæ бахæр!—
          Сдзырдта мыст.
Дæуæн дæр искуы феххуыс уыдзæн бахъуаг бон
          Мæ куыст.

Домбай бахудт æмæ афтæ зæгъы:
— Цымæ мын цы феххуыс уыдзæн мыст?
          Цы йæ бон у, цы — йæ куыст.
Æмæ йæ куы бахæрон, уæддæр цы?
          Гъе, хуылыдз нæу, гъе, хус,
          Гъе, комдзаг нару, гъе, рус.
Фæлтау æй ысуадзон, цæуæд,
          Фæндараст кæнæд!

Мысты суагъта: — Цæугæ ныр!
Ацу, æмæ та хуымты быр.
Уыйфæстæ домбайы цуанонтæ
          Æрцахстой.
Йæ къæхтæ йын бæндæнæй хорз
          Ысбастой...

Куы райхъал домбай, уæд дæндæгтæй
Цæхæр акалдта.
— Ехх! — загъта домбай, — царæфтыд фæдæн,
          Арахъхъ мæ амардта.
Уалынмæ дын мыст кæцæйдæр
          Æрсæррæтт ласта,
Домбайы бæстытæ адзæнгæл ласта.
          Домбай фестади, хъæргæнгæ,
          Сау хъæды цæуы.
Мыст дæр æм фæстейæ дзырдта:
— Дæ хорз дын бафыстон, зæгъы.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.