Jump to content

Домбай æмæ бирæгъ (Гæдиаты)

From Wikisource
Домбай æмæ бирæгъ (1912)
by Гæдиаты Секъа
289839Домбай æмæ бирæгъ1912Гæдиаты Секъа


ДОМБАИ ÆМÆ БИРÆГЪ


Домбай хуыссыд бæласрæбын,
     Саджы мард йæ разы лæууыд.
Бирæгъ æм бацыди хæстæг, —
     Загъдæнхъæл дзы нæ уыд.
— Цы мын кæндзæн, — загъта бирæгъ, —
     Домбай мæнæй тыхджындæр нæу.
Холымæ æрæвнæлдта, хæры.
     Домбай йын фæрсылæй зæгъы:
— Зыд ма кæн, мæ хæдзар, фæлæу,
     Холы иудадзыг дæуæн нæу!..
Бирæгъ бахудт æмæ фæкаст, —
     Домбайæ дæр уыйас нæ тарст.
Æрæвнæлдта тынгдæр, хæры.
     Домбай та йын хъæрæй зæгъы:
—Хуыздæр дын у, ныууадз, фæцу!
     Холы мæхицæн дæр бæрц у...
Бирæгъ уæддæр хæры, тындзы,
     Саджы мардæй пæхи хынцы.
Домбай фестад, загъта мæстæй:
     — Нал мæ фæцæудзынæ хъæстæй!
Домбай бирæгъы ныццавта,
     Йæ фæрсджытæй йын дыууадæс
Иунæг риуыгъдæн ныссаста.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.