Jump to content

Дидинæг федтон (Калоты)

From Wikisource
Дидинæг федтон (1940)
by Калоты Хазби
290402Дидинæг федтон1940Калоты Хазби


ДИДИНÆГ ФЕДТОН


Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...
Дидинæг худти, йæ сæрæй куывта,
Уалдзыгон райсом йæ рæууон æнгасæй
Бæстæн æрвыста йæ цинад, йæ пъа...
Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл,
Дидинæгау мæм æркасти мæ цард.
Рæзын æз дæр æмæ хуримæ хъазын,
Быдырты гауыз – мæ хуыздæр хæлар.
Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...

Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл,
Йе ’рттиваг къуырфы мæ зæрдæ ныххауд.
Йе ’рттиваг цупал мæ былтæм æртасыд,
Бамбæрстон: цард у мæлæтæн æвгъау.
Дидинæг федтон æз иу саст бæласыл...


1940 аз


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator fought or worked for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 74-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1950 (more than 74 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1950 (more than 74 years ago).

The author died in 1943, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 80 years or less (if applicable), or the copyright term is 83 years or less since publication (if applicable).