Jump to content

Дзæбидыр æмæ мæлдзыг (Гæдиаты)

From Wikisource
Дзæбидыр æмæ мæлдзыг (1911)
by Гæдиаты Секъа
289739Дзæбидыр æмæ мæлдзыг1911Гæдиаты Секъа


ДЗÆБИДЫР ÆМÆ МÆЛДЗЫГ


Дзæбидыр хохы сæр
Цад-доны ныккаст,
Федта дзы йæ сытæ, —
Диссаг æм фæкаст:

— Адон та цы хæссын
Мæ сæрыл, загъта, —
Æгас къæдзæхтæ!..
Мæлдзыджы фарста.

Мæлдзыг ын загъта:
— Иу хатт уæм кастæн,
Куы хæцыдыстут
Сау хохы рындзыл, —
Уæ сыкъаты хъæр
Хох йемæ хаста.

Цы хæцыдыстут,
Цы уын уыд æмбис?
Бæстæ æмхуызон у, —
Уе 'ппæтæн дæр ис...

Цæрын нæ зонут,
Уарзондзинад нæй,
Уастæн фæкæна
Хæрам уд дæдæй!

Махмæ ма бакæс!
Сæдæ-сæдæ иумæ
Куыд цæрæм,
Кусгæ дæр — иумæ,
Сихор-æхсæвæр
Иумæ куыд хæрæм...

Кæрæдзи уарзæм,
Зыд дæр нæ кæнæм,
Чи нæ хъыг дары,
Уыдон фæтæрæм.

Дзæбидыр йæ сæр
Æруагъта дæлдæр, -
Фæлæ сыкъатæ
Нæ хауынц уæддæр.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.