Jump to content

Дамкъа æмæ къуыдыр куыдз (Гæдиаты)

From Wikisource
Дамкъа æмæ къуыдыр куыдз (1906)
by Гæдиаты Секъа
289505Дамкъа æмæ къуыдыр куыдз1906Гæдиаты Секъа


ДАМКЪА ÆМÆ КЪУЫДЫР КУЫДЗ


Дамкъа нæ цыд хæдзарæй,
Хицауы раз хъазыди,
Къуыдыр куыдз та уазалæй
Дуаргæрон басыди.

Къуыдыр куыдз дын дамкъамæ
Хъырнгæ 'мхасæн бадзырдта:
— Цы хорз фæдæ не 'лдарæн,
Куыд хорзæн дæ базыдта?!

Хæринæгты дзæбæхтæ
Ды куы 'взарыс фæлмæнæй;
Æхсин дæр дæм хæлар у,
Бадзуры дæм дæрмæнæй.

Боныцъæхæй изæрмæ
Мæхи, фатау, фæхæссын,
Изæрæй та цæхгæрмæ
Дуаргæрон ныххуыссын.

Хуыснæг, æндæр ызмæлæг,
Цъиутæхæг дæр нæ уадзын;
Рæстæй зилын мæхæдæг,
Гæды митæ нæ уарзын.

Къæбылатæ, дамкъатæ
Минас кæнынц дзæбæхæй;
Къуыдыр куыйтæ, егартæ
Фæхаудысты къæдзæхæй.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.