Уартæ дын хъæдæй цы уасы, —
Бурдымы 'фсон булæмæргъ;
Лæппу чызгæн цы радты, ---
Æвзисты 'фсон бур æгънæг.
Бæхтæн мæ бæхгæс уæд хъæуы,
Сырхбарц бæх сæм куы нæ уа;
Чызгæн мæ лæхстæ уæд хъæуы,
Æхца мæм бирæ куы нæ уа.
Урс доны сæрмæ сау фæрдыг,
Бирæ дзы уымæн ныуæзтон;
Урс цонг дæ, чызгай, сауæрфыг,
Бирæ дæ уымæн ныууарзтон.
Æхсæрыл сыфтæр нал хæцы,
Уый, дам, уазалы тыххæй у;
Æхсæв мыл хуыссæг нал хæцы,
Уый, дам, уарзоны тыххæй у.
Рацъоны армы — гæны къух, —
Дæ рацъон уымæй зондзынæн;
Дæ рахиз цæст мæм фæныкъул, —
Дæ уарзон уымæй зондзынæн.
Абон — майрæмбон — бæрæгбон,
Гъе, уый дын бæлвырд бæрæгбон;
Тæхуды 'мæ дын, мæ уарзон,
Дæуæй бæлвырд бæрæг зон!
Кæд дæм бæндæн нæ уыди,
Уæд та гæркъайæ цы кодтай;
Кæд дын фæндон нæ уыди,
Уæд ма мæ пъайæ цы кодтай?
Тибы Тего кæндзынæн
Хуымæллæг донæй æддæмæ;
Никуы дæ ферох кæндзынæн
Мæ мæлæн боны йеттæмæ.