Jump to content

Булагмæргъ æмæ уæрцц (Гæдиаты)

From Wikisource
Булагмæргъ æмæ уæрцц (1912)
by Гæдиаты Секъа
289843Булагмæргъ æмæ уæрцц1912Гæдиаты Секъа


БУЛÆМÆРГЪ ÆМÆ УÆРЦЦ


Булæмæргъ загъта уæрццæн:
— Хорз кæй зарын, уый тыххæй
Мæн ахæсты фæдарынц,
Телтæй быд чыргъæдæй
Мæн ракæсын нæ уадзынц.

— Ехх! — загъта бынæй уæрцц. —
Дæ зарæджы аххос у,
Дæ бырынкъыл хæц!
Маргæ дæ кæй нæ кæнынц, уый хорз,
Ахæстоныл хъæц.

 * * *
Хатт зарæг дæр бæззы,
Хатт зарынæй дæр тæрс,
Фадат дын куы уа дзурынæн,
Уæд зæгъынæн дæр бæзз.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.