Jump to content

Бонвæрни мадæ (Багъæраты)

From Wikisource
Бонвæрни мадæ (1920)
by Багъæраты Созыр
290605Бонвæрни мадæ1920Багъæраты Созыр


БОНВÆРНИ МАДÆ


Еу къуар нæ фидтæлтæй
Уазай фæццардæнцæ,
не 'фсæдгæй хорæй.
Уонæн сæ фæллæнттæй
ес ма дзи, зæгъунцæ,
мæсуг цъæх дорæй.

Хетуй дзи еу осæ,
зæронд, никъкъозо æй,
уазали резуй.
Тонуй æ уорс гъесæ
фæндон, æ дзиггойæй
йе'гом æмпъозуй.

Резгæй нидздзиназуй,
къæртуй æ фудбæнттæ:
«Мæ бон ци бон æй», —
æ од куд фæзгъазуй,
дзоруй берæ нæмттæ,
неугæй æргомæй.

Уаза уазал уарзта,
уазал адзал хаста...
Фæцæй сæ бунтæй.
æз ма сæ фæсмæрдæ,
уингæй сæ уæлмæрдæ,
гъæрзун мæ зинтæй.

Хорæн рæсугъд кизгæ
ес, зæгъгæ, дзорунцæ,
уой коргæй мæ фурт
фестадæй Бонвæрнæ,
хортæ 'й нæ тавунцæ,
не 'ййафуй рæвдуд.

æз дæр, æнгъæл кæсгæй,
«Тавдзæй мæ Хорцескæ»
байзадтæн цæргæ.
Мæ фурт нæ фæббæзтæй
Хорцескæ мæ ностæ
ку'адтадæ бæргæ.


1920 анзи ноябри 22 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 103 years or less since publication (if applicable).