Jump to content

Бирæгъ æмæ хъæдхой (Гæдиаты)

From Wikisource
Бирæгъ æмæ хъæдхой (1912)
by Гæдиаты Секъа
289851Бирæгъ æмæ хъæдхой1912Гæдиаты Секъа


БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪÆДХОЙ


Бирæгъ фæтарсти
Хъæдхойы хъæрæй,
Бирæгь фæзылди:
— Фыдæбон дæ хай,
Хъæдхой, дæ сарæй!

Уыцы къуырт-къуырттæй,
Рагæй-æрæгмæ
Хæдзар нæ кæныс,
Гъе, цыргъ æхсырфæй
Дæргъауæдз хуымтæ
Миййаг нæ кæрдыс?

— Уæххай! — зæгъгæ,
Хъæдхой ысдзырдта, —
Куы дæ базыдтон,
Гъе, уæдæй нырмæ
Фосы фæдыл
Уыцы зылд кæныс,
Урс уæрыччытæ,
Бурхъус фыстæ
Уыцы хæрд кæныс...

Фæлæ дыл æз дæр
Кæрц нйкуы федтон,
Гъе, дæ даргъ худыл
Быдтæ нæ быдтон.

 * * *
Фыццаг зон дæ бон, —
Чи циу, уый йæ хон.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.