Jump to content

Бинонти цард (Багъæраты)

From Wikisource
Бинонти цард (1917)
by Багъæраты Созыр
290550Бинонти цард1917Багъæраты Созыр


БИНОНТИ ЦАРД


Ханбекер æма Ханиффæ,
сæ сунтой дæр ма сæ хæццæ,
сæ дæлбазур æрбадунцæ —
хорискастæй хорæфтудмæ
кæрæдземæ фæдздзорунцæ;
ци нæ хæссунцæ сæ сæрмæ,
сæ фурхилтæй исхуарунцæ
сæ кæрæдзей сæ сæтæй.
Ку сæ фæрсай, ци кæнунцæ,
Уæд рæуæнттæ фæккæнунцæ,
сабур цæрунмæ, косунмæ
сæ синхонти нæ фæнзунцæ,
багъигæ'й си сæ хæссæг дæр,
фæндæ кæнун ин зонунцæ.
Ниссæ уадзуй сæ фæрсæг дæр,
нæ фæммæлуй сæ мæтæй.

Кустмæ цæугæй сæ хæссæг лæг
бæргæ фæууй хъæбæр цæрдæг, —
нæ фæндонбæл ку низзаруй —
æ цæсти суг æрæгъзалуй,
фæззæгъуй, цид, ци дессаг æй,
атæ кæугæй цæмæн зарун?
æвæццæгæн мæ низзарун
мæ рист зæрдæн кæун æй.
Уотæ заргæй ку бакосуй —
силти загъдæй ку фæттæрсуй,
фурæстонгæй æнæбари
æрæнцайгæй æ хæдзари,
фæсси ледзуй фурæфсесæй;
ка нæ ледзуй уæхæн тохæй,
фæззæгъуй, мæ куст феронхæй,
рафунæй уй æрхунæй.

æгуст æнцæ сæ кустæгтæ,
æдзæттæ 'нцæ сæ рæфтæдтæ,
сæ биццеутæ, сæ кизгуттæ
ци уинунцæ, уой кæнунцæ.
Ци кæнонцæ? Фурæстонгæй
Сæ кæрæдзей, сæ мадтæлтау,
цъæхахст гæнгæй, нихæй тонгæй,
агайунцæ дæндагæй.
Сæ куй ма дзи ку ниннеуй,
уæд сегасей гъæр ку сеу уй, —
æрæмбурд унцæ синхонтæ
сæ фæдесмæ, сæ дессагмæ.
æрæхсæвæ уй уалинмæ,
неугæ-рæйгæй, берæгъбалау.
'Ма сегасдæр ниххуссунцæ
мæстæйдзагæй, фæлладæй...


1917 анзи сентябри 8 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 106 years or less since publication (if applicable).