Jump to content

Башилтæ (Гуырдзыбеты)

From Wikisource
Башилтæ (1902)
by Гуырдзыбеты Бласка
290359Башилтæ1902Гуырдзыбеты Бласка


БАШИЛТÆ


Уæ, хуæрз башилтæ, башилтæ,
Растадæй нин уæ рæстæг!
Æнгон нæ кæнгæй нæ билтæ,
Зарæн, кафæн æд хæстæг!

Æнцæ не 'фшинттæ, нæ шилтæ
Рæвдуд зари лæхъуæнæй;
Саг сæ хецауæн æд шиутæ
Мах æхсайæн цауæнæй.

Корæн ши арахъ цъæх авги
И уасæнги гъæр хъурæй;
Ковæн æй, заргæй, нæ равги,
Уæ, башилтæ, уæ туххæй!..

Кувди рæвдзæ нин гъæр гæрах
Ку фæццæуй нисанæн,
Уæд имæ корæг фуши къах
Уайтагьд цæуæн идзулд мах.

Уæ, хуæрз башилтæ, башилтæ,
Растадæй нин уæ рæстæг:
Æнгон нæ кæнгæй нæ билтæ,
Зарæн, кафæн æд хæстæг!




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.