Jump to content

Байраг æмæ йæ мад (Гæдиаты)

From Wikisource
Байраг æмæ йæ мад (1912)
by Гæдиаты Секъа
289837Байраг æмæ йæ мад1912Гæдиаты Секъа


БАИРАГÆМÆ ЙÆ МАД


Байраг эгъордта йæ мады разæй,
Мад æй нæ уагъта, бирæгъæй йын тарст.
Уæддæр нæ лæууыд, — йæ мады 'вастæй
Дзæгъæлы хатти, йæ коммæ нæ каст.

— Макæ! — загъта байрагæн ефс,
     Мæ коммæ дæр-иу кæс,
     Дзæгъæл ма цу.
Бирæгъ дæ куы ссара искуы, —
Бахæрдзæн дын де сгуы,
Йæ дæндаг арц у.

Байратæн бирæ фæдзырдта,
     Йæ коммæ нæ каст,
Тар хъæд-иу кæм фæдта,
     Уырдæм-иу фæраст.
Байраг йæ мадмæ
Нал цыди æввахс.
Иу хатт ын бирæгъ
Атыдта йæ фарс.

 * * *
Дæ хисдæры коммæ кæс,
Йæ дзырдтæ дæ зæрдæмæ хæсс.
Хорз дæм м'а кæсæд дæхи зонд,
Кæннæуæд дыл æрцæудзæн
Уыцы байраджы æмбисонд.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.