Jump to content

Бæлас (Тогуызты)

From Wikisource
Бæлас (1915)
by Тогуызты Газакк
290763Бæлас1915Тогуызты Газакк


БÆЛАС


Иппæрд лæууыди
Иу бæлас къохæй,
Домбай нæ уыди,
Сфæлмæцыд тохæй.

Цух уыди бæлас
Аууонæй сæрды.
Тынг цыдис ал’ аз
Дымгæйæ ‘фхæрды.

Тала уыд бонтæй,
Чъиу ыл нæ зынди.
Сидзæрмæ сонтæй
Йе сæфт æрзылди:

Айдзаг арв мигъæй,
Баталынг бон дæр,
Аззади джихæй
Сидзæр бынтондæр.

Алырдæм хъæдыл
Дымгæ ныууасыд,
Бæстæ йæ фæдыл
Зæхмæ ныттасыд.

Мигъты Цæгатæй
Æрдузмæ суры.
Арв дæр – дæ-да-дæй! –
Зæххимæ дзуры.

Сидзæры дымгæ
Фондзырдæм тасы,
Къалиутæ ‘лвынгæ
Сидзæрыл уасы.

Дымгæ нæ фæцис, –
Арв æй æрцавта,
Зæхмæ йын йе ‘мбис
Йемæ ныддавта.

Арвæй йæ сау мигъ
Састæй ныууыдта,
Иуцъусдуг аджих,
Стæй йыл ныккуыдта.

Уымæй æгасæй
Абон гæмæхæй
Мигъæмбæрц асæй
Схъис зыны зæххæй.

Уалæ йыл халон
Иунæгæй бады.
Мæрайы уаллон
Йе стонг æфсады.


1911 азæй 1915 азы ‘хсæн

Public domain
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States prior to January 1, 1929. Other jurisdictions have other rules. Also note that this work may not be in the public domain in the 9th Circuit if it was published after July 1, 1909, unless the author is known to have died in 1953 or earlier (more than 70 years ago).[1]

This work might not be in the public domain outside the United States and should not be transferred to a Wikisource language subdomain (or as a file it should not be migrated to the Wikimedia Commons) that excludes pre-1929 works copyrighted at home.


Данная работа, впервые изданная до 1929 года, находится в общественном достоянии по законодательству США, и может быть опубликована здесь, в мультиязычной Викитеке. Но эта работа не может быть опубликована в национальной Викитеке, которая должна подчиняться законодательству России, т. к. работы этого автора (за исключением изданных до 7 ноября 1917 года) пока не вышли в общественное достояние в России. Этот автор умер в 1938 году и был посмертно реабилитирован в 1955 году, соответственно эта работа выйдет в России в общественное достояние в 2026 году.

The author died in 1938, so this work is also in the public domain in countries and areas (outside Russia) where the copyright term is the author's life plus 80 years or less.

PD-US-1923-abroad Public domain in the United States but not in its source countries //wikisource.org/wiki/%D0%91%C3%A6%D0%BB%D0%B0%D1%81_(%D0%A2%D0%BE%D0%B3%D1%83%D1%8B%D0%B7%D1%82%D1%8B)