Jump to content

Арт æмæ аг (Гæдиаты)

From Wikisource
Арт æмæ аг (1912)
by Гæдиаты Секъа
289849Арт æмæ аг1912Гæдиаты Секъа


АРТ ÆМÆ АГ


Арт тынгæй-тынгдæр
     Аджы бын сыгъди,
Агæн йæ сыр-сыр
     Уæлартæй цыди.

— Уæххай, гъе! — Загъта артæн. —
     Фыцæгау мæ сфыц.
Цас мын зын кæны дæ цæхæр, —
     Уый дæр-иу æрхынц.

Кæннæуæд æгæр куы стæвд уон,
     Куы скæлон миййаг...
Лæхстæ йын кодта
     Уæлартæй дæр аг.

Арт æм кæм хъуыста, æндзæрста йæхи.
Аг йæ сæрмæ ссыд,
Слæпирдта, — ракалд йæ былтæй,
Арт дæр ныххуыссыд.

 * * *
Хæтæг-хæтæг цæл ары, -
Æгæр хæтæг цæф ары.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.