Jump to content

Акæс (Гæдиаты)

From Wikisource
Акæс (1906)
by Гæдиаты Секъа
289498Акæс1906Гæдиаты Секъа


АКÆС


Кæй базыдтон хæрамгæнæг,
Кæм фæцардтæн хæдзаргæнæг, —
Нал фæразын ацы зынтæй.

Æз не ссардтон мæхи 'мхуызон,
Æдасæй æз кæд æрхуыссон, —
Нал цух кæнын мæ фыдфынтæй.

Фæлмæн дзырдтæ — мæ цæсты раз,
Мæ фæстæ та — фыдуаг ныхас...
Агурын уый, — чи мæ уарза.

Мæ сусæг дзырд кæмæн зæгъон, —
йæ мардыл æз куыд лæзæрон,
Уый мæ мардыл куыд дзыназа.

Гæды митæй нæ дуне — 'дзаг.
Иу иннæмæн ыстæм ызнаг;
Сайæм нæхи фæлмæн дзулæй.

Кæрæдзийы нал æмбарæм,
Нæ хъуыддæгтæ нал æвзарæм,
Алы къуымты лæууæм пырхæй.

Йæ хуыздæртæ сæн ныуазынц,
Нæ фыддæртæ куыд дзыназынц!
Чи ’мбары нын нæ мæгуырты?!

Кæрæдзи хæрæм дзыхæй,
Кæдæмдæр ма лæсæм тыхæй,
Хъахъхъæнæг нæй нæ гæлхурты.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.