Æнхъæл нæ уыдысты (Коцойты)
Уаргæ бон уыдис, æмæ æмбæрзт файтон Ванойы рестораны дуармæ хæстæг-хæстæг бацыди. Рагæпп дзы кодта иу æртыназыккон лæг, йæ зачъе даст, рихитæ биноныг здыхт. Йæ сæрыл уыди сау сгæлладæй фæлмæн худ, сау адаргæ сæрдыгон пъалто дзæбæх фидыдта хæрзконд уæнгтыл.
Файтонæй рагæпп кæнгæйæ, фæстæмæ фæзылди, йæ къух мидæмæ бадаргъ кодта æмæ сдзырдта:
— Рахиз, Леуан, мæнæ ам хус у!
— Афæрдæг у! Исты зæронд дæн, дæ къух цы радаргъ кодтай!
Уыцы ныхæсты фæстæ рагæпп кодта файтонæй нывыл бæрзонд, фæлæ тынг бæзæрхыг æмæ гуыбынджын лæг. Урс куырæт æмæ уæрæх сау цухъа сау ронæй æлвæст уыдысты ставд астæуыл. Къæхтыл — æрттивгæ ног цырыхъытæ, сæрыл — сау уæлдзармын худ. Бур рихитæ, бур цыргъгонд зачъе нæ фидыдтой нард сырх цæсгомыл. Чи йæ федтаид, уый загътаид: «Ацы лæг цардæй къæртт æппары».
Уый фæдыл рагæпп кодта файтонæй æрмæст царм æмæ стджытæй конд лæг, формæйы пъалтойы, йæ сæрыл фуражкæ кокардæимæ, йæ уæхсчытыл чиновничы пъагонтæ. Пыхцыл сау рихитæ хуыйы хъисы хуызæн алырдæм ныллæууыдысты.
Рестораны дуар байгом ис, æмæ йæ хицау, ныллæг акувгæйæ, дзуры:
— Мидæмæ, мидæмæ! Æгас нæм цæут, Леуан!
Леуанæн рестораны хицау рагæй зонгæ уыди. Йæ къух æм æнæкæсгæйæ авæрдта æмæ афарста:
— Стыр кабинет уæгъд у?
Сæ галиу къухты салфеткæтæ, афтæмæй базгъордтой Леуанмæ æртæ официанты. Сæ цæсгæмттæ дардтой афтæ, цыма сыл стыр æхсызгондзинад сæмбæлди.
Рестораны хицау дæр ма йæ сæрæй акув-акув кодта.
Иууылдæр æмдзыхæй дзырдтой:
— Уæгъд у, уæгъд. Рацæут!
Фæцæуынц. Æппæты разæй иу официант, фæрсырдæм цæугæйæ, уый фæстæ кънйаз Леуан, йæ гуыбын размæ хæсгæйæ. Уымæй чысыл фæстæдæр йæ дыууæ æмбалы. Рестораны хицау дæр ма сæ фæдыл кæсы.
Афæдзæй фылдæр рацыди, афтæ амарди Леуаны фыд — кънйаз Иосеб Амилахвари. Уый уыди стыр ахуыргонд лæг, æфсæддон куысты лæуд. Стыр кадимæ арвыста уый йæ цæрæнбонтæ. Кад паддзахы раз, кад æгас Гуырдзыстоны, кад йæ зæххыл цæрæг мæгуыр хизанты астæу. Йæ ис, йæ бон, йæ зæххытæ хъахъхъæдæй алæвæрдта кънйаз Иосеб йæ иунæг фырт Леуаны къухтæм, афтæмæй ингæнмæ бацыдис.
Хъыг кодта Иосеб, тынг хъыг, Леуан æрдæгахуыргондæй кæй баззади, уый тыххæй, фæлæ уымæй йæхимæ азым ницæмæй хаста. Радав-бадав æй кодта иу скъолайæ иннæмæ, иу ран дæр ахуыр кæнын нæ фæрæзта Леуан. Æхца æххуысæй, гæртæмттæ дæттынæй дæр ницы рауади — дыккаг къласæй уæлдæр никуы схызти. Цæл æмæ алы фыдуаг митыл фæци йæхи хуызæн цæлуарзаг æмбæлттимæ.
Афæндтæ кодта Иосеб йæ фырты бафхæрын, кæд раст фæндагыл раздæхид, зæгъгæ, фæлæ фæнд фæндæй баззади, ауыгъта лæппуйыл йæ къух æмæ загъта:
— Цæргæ мын кæнæд! Нæ фыдæлтæ ахуыргондæй æмбисæндтæ куынæ бакодтой.
Уæдæй фæстæмæ лæппу йæхи бар баззади. Кæдæмдæриддæр-иу ацыди — Калакмæ, Кутаисмæ æмæ æндæр рæттæм, зыдта æрмæст цæл æмæ зæрдæхъæлдзæг цард.
Ныр, афæдзæй фылдæр цæуы, афтæ Иосебы ис æмæ бон æххæстæй йæ къухтæм æрхаудтой.
Цъитиджын хæхты рæбынæй Чысан æмæ Къаспийы станцæйы онг, æстдæс хъæуы цы зæххытыл цардысты, уыдон иууыл Леуаны къухы уыдысты. Уыцы хъæутæй æппæтæй иста йæ зæххыты мызд: хор, царв, цыхт, мыд æмæ æндæр хъæууон продукттæ, æхца дæр фидыдмæ гæсгæ.
Иосебы мардæй рацыдаид, æвæццæгæн, иу мæйы бæрц, афтæ Леуан, иу мин æхца йæ дзыппы, афтæмæй Калакмæ ацыди. Леуан тынг уарзта машинæйы цæуын æмæ-иу кæддæриддæр иста бынат I-аг къласы. Фæлæ ацы хатт йæ ацыдæй дыууадæс боны йеддæмæ нæ аивгъуыдта, афтæ йæ чидæртæ федтой Къаспийы станцæйы III-аг къласæй рахизгæ.
— Барæй афтæ кæны, — загътой, чи йæ зыдта, ахæмтæ. — Барæй афтæ кæны, уыййеддæмæ йæм æхца, мыййаг, нæй!
Уæдæй фæстæмæ Калакмæ арæх цæуын байдыдта Леуан. Йæ зæххытæ дæр къаддæр кæнын байдыдтой чысылгай. Иосебы амарды афæдзы бонмæ 18 хъæуы зæххытæй аст хъæуы зæххытæ уæйгонд фесты. Ныр та иу хъæуы зæхх ауæй кодта, афтæмæй æрцыди Калакмæ.
Уазджытæ кабинетмæ куы бацыдысты, уæд сын официант сæ уæллаг дарæстæ райста æмæ сæ рагъæныл сауыгъта, стæй, салфеткæ йæ къухы, афтæмæй дуары раз æрлæууыди æмæ æнхъæлмæ касти.
Даргъ чиновник пианинойы фарсмæ æрбадти æмæ дзы гуырдзиаг цæгъдтытæй цыдæр райдыдта.
Леуан диваныл арф æрбадти æмæ фæхъæр кодта:
— Человек, подавай! — Чысыл ифтыгъд кæй уыди, уый йыл бæрæг зынди.
Официант хæстæг æрлæууыди.
Леуан уæд фездæхти.
— Мито, цы ми кæныс, марадз, зæгъ истытæ, алы емынæ рахæссын кæн!
Афтæ дзырдта Леуан æртыккаг æмбалмæ, кæцы чиновничы фæндырдзагъдмæ хъырнын райдыдта...
Мито, цæлтыл ахуыр чи уыди, ахæм адæймаг, прейскурантыл йæ цæст ахаста æмæ ранымадта цыдæртæ.
Уайтагъд салат æмæ арахъ фынгыл фегуырдысты.
Чиновник фелвæста агуывзæ æмæ фæхъæр кодта:
— Кънйаз Леуаны цæрæнбоны тыххæй — фæйнæ!
Леуан æмбæрста, йе ’мбæлттæ йын зæрдæлхæнæн кæй кæнынц, гæдыдзинадæй йыл кæй цæуынц, фæлæ йæм уый хорз касти, йæ зæрдæмæ цыди, иннæтæй афтæ уæлдæр кæй у.
— Цæрæд кънйаз Леуан! — фæхъæр кодта йæхæдæг дæр.
Мито базарыди «цæрæнбоны зарæг».
— Аназæм уал, — сдзырдта Леуан, — стæй зардзыстæм!
Фæйнæ дыууæйы куы анызтой, уæд Леуан йæ агуывзæ фынгыл атылдта.
— Ай цы у, ай?.. Сæн, сæн рахæссут тагъд!
— Загътон, кънйаз, загътон, ды цы сæн уарзыс, уый.
Дуар байгом ис, æмæ официант бахаста стыр тæбæгъы физонæг æмæ йæ фынгыл æрæвæрдта.
Леуан йæ мидбынаты базмæлыди æмæ йæ дыстæ дыууæ цонгыл дæр мидæмæ фæбырын кодта.
— Пæу-пæу-пæу!.. — сдзырдта Леуан. — Уый хъуыддаг у, уый, æндæра салаттæ-йедтæ ницы сты... Сæн, сæн, тагъд!.. Молодец, Мито! Ды мын куы нæ уаис, уæд сæфт уаин, æндæр цы!..
Мито йæхинымæры ахъуыды кодта: «Ды æхца фид хæринæгтæн, уыййеддæмæ сæ агурын мæ бар уадз!»
— Митойы цæрæнбоны тыххæй! — бæрзонд систа агуывзæ Леуан. — Хорз æмгар у, æмæ йын хорз æмгæрттæ Хуыцау раттæд!
— Цæр бирæ, Мито, — загъта чиновник дæр. — Хорз æмгар, хорз адæймаг дæ æмæ уыцы мыггагыл фæсмон куыннæ фæкæнай, уыцы амонд дын Хуыцау раттæд!
Бакъуырццытæ кодтой агуывзæтæ æмæ анызтой.
Гъеныр байдыдтой хæлæрттæ зæрдиагæй цæл кæнын. Хæрынц, кувынц, нуазынц. Басырх сты, куы сæ иу базары, куы иннæ.
Уалынмæ дуар байгом ис.
Леуан фæгæпп кодта йæ бынатæй.
— Мидæмæ, мидæмæ, Суликъо! Рагæй дæ куынæуал федтон!
Суликъо худы.
— Рагæй? Æртыккаг бон! Иу чидæр мын загъта, ам дæ, зæгъгæ, æмæ ма дæ фенынмæ æрбауадтæн. Райсом цæуынмæ хъавыс, æнхъæлдæн?
Бæрæг уыди Суликъойæн йæ цæсгомыл, аназаг кæй у. Ныр дæр, цыма кæмдæр ахуыпп кодта, уый хуызæн уыди.
Леуан æй фынджы фарсмæ бакодта æмæ йæ æрбадын кодта. Йæ бакастмæ гæсгæ, уый уыдаид, æвæццæгæн, Леуаны цахъхъæн.
Æцæгдæр, афтæ разынди. Леуан ын йе уæхск æрхоста æмæ загъта:
— Мах дыууæ азы гимназы фæрсæй-фæрстæм фæбадтыстæм. Хъуамæ кæрæдзи рох ма кæнæм! Молодец, кæй мæ бацагуырдтай, уый тыххæй!
Уыцы ныхæстæ Леуан загъта зæрдæбынæй.
Суликъо дæр сдзырдта:
— Бæлвырд афтæ у, бæлвырд афтæ у!
Фæлæ хинымæры та афтæ хъуыды кодта: «Дæ гимназы мæт мæ бæргæ нæй, мæнæ куы аминас кæнин, уыййеддæмæ».
Суликъо нозтæй иучысыл иннæты цæмæй аййæфтаид, уый тыххæй йын аназын кодтой фæд-фæдыл иу арахъ æмæ дыууæ сæны. Стæй, уымæй фæстæмæ нозтой æмхуызон. Леуан фыццаг æрбацæугæйæ дæр аназгæ уыди æмæ ныр тынг бахъæлдзæг ис. Чиновникыл дæр бæрæг кæнын байдыдта йæ нозт.
— Сандро, нырма куынæма райдыдтам нуазын, афтæмæй расыджы хуызæн куы дæ? — бадзырдта чиновникмæ Леуан. — Марадз, фæндырæй нын ацæгъд исты! Æз та уын æндæр исты æрхъуыды кæнон.
Сандро бацыди пианиномæ, Леуан та мырмыраг бацагъта. Бацыди официант. Леуан йæ къух фынгыл æркъуырдта, æмæ агуывзæты æмæ тæбæгъты зæлланг ссыди.
— Человек, а человек! Дæ чахохбили хорз уыди...
— Бузныг, æгайтма уæ зæрдæмæ фæцыди! — загъта официант æмæ бахудти.
— Ныр ма цы хъæуы, уый зоныс?
— Нæ зонын.
— Дыууадæс авджы сæн... Афтæ, Мито?
— Афтæ, уæдæ цы, — йæ бынатæй стгæйæ, сдзырдта Мито. — Кæд нуазæм, уæд нуазæм... Æз афтæ уарзын, гъе!
Бацыди Мито пианинойы размæ æмæ Сандройы фæндырдзагъдмæ расыг хъæлæсæй зарын райдыдта.
Леуан та фынг æрцавта.
— Ноджыдæр цы хъæуы, уый зоныс?
— Нæ зонын.
— Цыппар порцийы физонæг æмæ цыппар порцийы чызджытæ!
Уый фехъусгæйæ, Мито худæгæй бакъæцæл ис. Суликъо мидбылты худти, Сандро та йæ фæндырдзагъд нæ уадзгæйæ дзырдта:
— Уый дæр хорз, уый дæр фидауы, уый дæр бæззы, афтæ дæр вæййы!
Официант ахæм домæнтæ бирæ фехъуыста рестораны уазджытæй æмæ æппындæр дис нæ фæкодта. Мидбылты бахудти æмæ ацыди кабинетæй.
Райсомæй, гостиницæйы номеры зæрдæрухсæй нæ райхъал ис Леуан. Йæ зæрдыл æрлæууыдысты знон изæры митæ æмæ хæрдзтæ. Къуыри йеддæмæ нæ цæры Калачы, афтæмæй цы мины æрдæг рахаста йæ хæдзарæй, уый иууылдæр хардзгонд æрцыди. Цы чысыл муртæ ма йæм аззади, уыдон дысон бахардз кодта. Хардз иууылдæр ахицæн кæныны фаг дæр нал сси, фондз æмæ ссæдз сомы фæхъуаг ис æмæ уыдоныл та рестораны хицауæн къухæвæрд ратта. Ныр мæнæ гостиницæйы номерæн дæр дыууæ туманы фидын хъæудзæн... Ам дæр та къухæвæрд хъæудзæн, фæлæ фæстæмæ йæ хæдзармæ цæмæй ацæуа, уый дæр æм куынæуал баззадис! Стыр мæты бацыдис Леуан. Йæхи æхсын дæр æй ферох ис, афтæмæй, иу къуымæй иннæ къуыммæ рацубацугæнгæйæ, хъуыдытæ кæны. «Ай цард нæу. Нырма Калачы йæ зæрдæйы фаг никуыма фæци, афтæмæй йæ зæххытæй æмбис йеддæмæ нал баззади. Нæй, зæхх уæй кæнын раст фæндаг нæу. Фæлтау зæххы мызд фæфылдæр кæнын хъæуы... Фидæнт зæхкусджытæ. Æнæ фидгæ дæр сын цы хос ис! Кæдæм ацæудзысты? Кæмдæриддæр зæхх — æлдæртты къухы. Лæвар сын исчи ратдзæн?» Афтæ, хъуыдытæгæнгæйæ, бирæ рацу-бацу фæкодта Леуан йæ номеры.
— Цæуын, цæуын, — загъта æппынфæстаг. — Цæуын æмæ раст æртæ хатты фæфылдæр кæндзынæн мæ зæххыты мызд! Бирæ хатыртæ фæкодтон уыцы хизантæн, æмæ æгъгъæд у. Снард сты, схъал сты, уæддæр «мæгуыр стæм, мæгуыр стæм» дзурынц. Æгъгъæд у ныр! Цæуын!
Ацы хатт дæр та йæхи ныффидар кодта кънйаз Леуан æмæ æртыккаг къласы сбадти. Алы хуымæтæджы адæм йæ алыварс, — сæ чъизийы смаг кæлы. Хуыцауæй бузныг, æмæ йæ дард цæуын нæ хъæуы, уыййеддæмæ нæ бафæразид. Уыцы хæрджытимæ иу вагоны бадыны бæсты фæлтау фистæгæй ацæуид.
Машинæ куы æрлæууыди, уæд Леуаны сæры æрмæст иу хъуыды уыдис: йæ зонгæтæй йæ куы ничи фенид æртыккаг къласæй рахизгæ. Фæлæ нæй, цыма барæй афтæ арæзт уыди, уый хуызæн вагоны раз фегуырди йæ зонгæ, свираг æлдар Росеб. Хорзау нал фæци Леуан, фæлæ йæ мæт дзæгъæлы уыди.
Дыууæ æлдары куы ацинтæ кодтой кæрæдзиуыл, уæд Росеб загъта:
— Æртыккаг кълас дæр иуæй-иу хатт хорз вæййы фистæгæй цæуыны бæсты.
Леуан афтæ æнхъæл уыдис, æмæ уый æфхæрыны ныхас у, æмæ фæмæсты ис, фæлæ Росеб дзырдта æддæдæр:
— Мæсты ма кæн, Леуан, æз дæр ахæм ран фæвæййын. Æхца куынæуал вæййы, уæд цы гæнæн ис æндæр?
— Нæхи аххос у, — райдыдта Леуан. — Сфыдуаг кодтам кусæг адæмы. Нæ зæххытæ нын лæвар хæрынц. Цы чысыл мызд сæ исæм, уый дæр афойнадыл нæ фидынц... Фæлæ ныр мæнæн мæ фæнд конд у.. Цæуын нæхимæ æмæ мæ зæххыты мызд æртæ хатты фæфылдæр кæндзынæн.
— Нæ бафиддзысты. Æвиппайды уый бирæ у. Дыууæ хатты фылдæр уал æгъгъæд у.
— Нæ бафиддзысты, зæгъыс? Зæхх мæн у, æви нæу? Уæдæ мæ цас фæнды, уыйас исын мызд. Бирæ кæмæ фæкæса, уый сыстæд æмæ афардæг уæд, кæдæм æй фæнды, уырдæм. Уыдонæн сæ куыд æмæ сæ хъæстытæм хъусын нæ хъæуы. Абонæй фæстæмæ тæригъæд цы у, уый æппындæр нал зонын. Сæ хъуырæй сын ласдзынæн, цы мæм цæуы, уый. Дæ хъустыл ауайдзæн, Росеб, æз сæ куыд æртымбылтæ кæндзынæн, уый.
Афтæ зæгъгæйæ, Леуан бараст ис хæрæндонмæ.
— Цом, Росеб, абон мæ дзыпп афтид у, фæлæ дæ хардзæй иу авг аназæм... Бауырнæд дæ, Росеб, фæндаджы фаг ма тыхæй сдæн. Хъусыс, хъусыс, æртыккаг къласы фаг!
Бацыдысты хæрæндонмæ.
Леуанмæ чапартæн æххуырст уыдысты цæцæйнæгтæ æмæ цæгатаг ирæттæ.
Азылдысты уыдон Леуаны зæххытыл цæрæг хъæутыл æмæ фехъусын кодтой æлдары фæнд: абонæй фæстæмæ, зæххы мызд цас уыдис, уымæй æртæ хатты фылдæр уыдзæн. Кæй нæ фæнды уыцы мыздыл цæрын, уыдонæн бар ис, кæдæм сæ фæнды, уырдæм алидзын дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ, чи нæ алидза, уыдон хъуамæ Леуанимæ контракт ныффыссой.
Цы фараст хъæуы ма баззади Леуаны зæххытыл, уыдонæй сыстади æрмæст иу лæг йæ ус æмæ дыууæ сывæллонимæ æмæ загъта йæ сыхæгтæн:
— Цæрут сымах ам, уæ бар уæхи. Фæлæ æз цæуын ардыгæй. Нал бафæраздзынæн æз æлдары æфсондз хæссын. Фæлтау, цыппар стæм, æмæ стонгæй куы амæлæм, уæд хуыздæр.
Алыгъди. Иннæтæ баззадысты æмæ сразы сты туджы хæсау фиддон фидыныл. Кæдæм алидзой? Алыран дæр кънйæзтæ, алыран дæр æлдæрттæ, чи йæ зоны, хуыздæр кæм уыдзæн.
Кънйазы зæххытыл чи баззади, уыцы зæхкусджытæ рæхджы бамбæрстой, бирæ кæй нæ бафæраздзысты афтæмæй цæрын.
Дыууæ-æртæ хатты авзæрстой Леуаны чапартæ ног æгъдауыл æвæрд фиддонтæ æмбырд кæныныл, фæлæ сын ницы æнтысти. Зæхкусджытæ зынæй фæрæзтой фыццаг, чысылдæр фиддонтæ фидын дæр, ныр æртæ хатты куы фæфылдæр сты, уæд та ма сæ кæм бафæрæзтаиккой фидын.
Леуан мæсты кодта.
Афæдзы æмбисмæ зæхкусджытыл æрæмбырд ис стыр хæстæ, кæцытæ бафидын, сæ ис-сæ бон æххæстæй куы ауæй кодтаиккой, уæддæр нæ бафæрæзтаиккой.
Леуаны хъуыди æхца. Леуан агуырдта æхца. Æхца йæм фаг нæ цыди зæхкусджытæй æмæ мæсты кодта.
Æппынфæстаг хъуыддаг паддзахы закъоныл ацыди. Тæрхондон фæтæрхон кодта зæхкусджыты фиддонтæ тыхæй байсын тæрхондоны пъырыстыфы руаджы.
Изæрдалынгтæ кодта. Æнцад, райдзаст изæр уыди. Къахыр мæй бæрзондæй кастис Захъоры хъæумæ, йæ алыварс хæхтæм, къуылдымтæм æмæ фæзтæм. Адæм æмбырдтæ уыдысты ныхæсты, уынгты æмæ хæдзæртты сæрты. Боны уæззау куысты фæстæ сæ фæллад уагътой, сæхи ирхæфстой.
— Акæсут-ма, — сдзырдта фæсивæдæй чидæр, — цы бирæ барджытæ æрбацæуы.
Кæсынц адæм, æмæ æцæг æрбацæуынц Ахалгуры ’рдыгæй иудæс барæджы. Цæуынц комкоммæ ардæм.
Хъæуыхицау Лексойы дæр Хуыцау Ныхасы фæкодта. Йæ сæры мæт бацыди, чи сты, цавæр сты, цæмæн цæуынц ардæм. Хъæуыхицауы хъуыддæгтæ æвзарынмæ ма цæуæнт, уæд Лексо фесæфти.
Хæрæмттæ йын бирæ ис, æмæ рахъæр уыдзысты йæ гæртæмтты хъуыддæгтæ, йæ алы галиу митæ.
Йæ хæлæрттæй дыууæ-æртæйы айста йемæ Лексо æмæ фæцæуы барджыты размæ.
Уыдон уыдысты Ахалгуры тæрхондоны пъырыстыф æмæ йемæ фондз стражничы. Цыдысты Леуаны хæстæ æмбырд кæнынмæ, фыццаг Захъормæ, стæй та — дарддæр.
Бамбæрстой адæм, фыдбылыз сæм кæй æрбацыди æмæ сæ хъæлдзæг ныхæстæ æмæ сæ аргъæуттæ ферох кодтой. Алкæй сæры дæр æрбадти иу хъуыды: «Цы уыдзæн, цы, сомбон?»
— Прр...а...ашу дать помещение мне и моим людям! — загъта Лексойæн пъырыстыф.
Кæдæм сæ ачындæуа, иу адæмы хуызæн хæдзар нæй æгас хъæуы. Хъарм уалдзæг у, фæлæ сын уæддæр нывыл бынат агурын хъæуы.
Лексо ахуыргæнæгимæ аныхас кодта... Скъолайы æрбынат кодтой пъырыстыф йæ адæмимæ, бæхтæ ауагътой скъолайы цæхæрадоны хизынмæ.
Пъырыстыф басидти Лексомæ, загъта йын:
— Райсом иу адæймаг дæр йæ фос быдырмæ ма аскъæрæд. Исчи куы фæаууон кæна йæ фос, уæд дзуапп дæтдзынæ ды!
Адæм мæты бацыдысты. Пъырыстыфы зæрдæ балхæныны тыххæй кусарт акодтой, сæн балхæдтой, арахъ дæр ссардтой æмæ сæ барвыстой скъоламæ. Уым бамбырд сты хицæуттæ — сауджын, диакъон æмæ æндæртæ. Хъæууон ахуыргæнæг цæйдæр æфсон йæхи кæдæмдæр асайдта.
Изæрæй пъырыстыф бафæдзæхста хистæр стражникæн, цæмæй райсом раджы æгас хъæуы фос скъолайы кæртмæ æрæмбырд кæна.
Хур нæма скасти, афтæмæй адæм иууыл сæ къæхтыл лæууыдысты. Бирæтæ æхсæв æппындæр нæ бафынæй сты.
Бæрзонд хъæуы сæрмæ хибаргомау æвæрд уыди иу хæдзар. Чапартæ уырдыгæй райдайынмæ хъавыдысты хъæуыл зилын.
Рацыди сæ размæ хæдзары хицау, 80-аздзыд зæронд лæг Гарсеван æмæ загъта:
— Бирæ фæфыстам мах æлдарæн, бирæ нын фæцъырдта нæ туг... Кæд Хуыцау Хуыцау у, уæд хъуамæ æмбара растдзинад æмæ зылындзинад. Кæд уый уыцы æгъдау нæ æвзары, уæд мах хъуыддаг нæхимæ исæм... Нæ ауадздзыстæм мах нæ фос ардыгæй!..
— Цæйут, раскъæрут фос иууылдæр скъолайы кæртмæ! — загъта хистæр чапар. Уый бадти бур кæсгон бæхыл, барæй йæ дыууæрдæм раздах-баздах кодта.
Гарсеваны хистæр фырт, къæдзæхы йас лæг, ратыдта æмбонды кæронæй хуылыдз мих æмæ йæ æруагъта хистæр чапарыл. Ахауди, афæлдæхти чапар, бæх дæр уыцы цæфæй йæ фæстаг къæхтыл æрлæууыди.
Иннæ стражниктæ бакалдтой сæхи цæвæгмæ æмæ йæ сбастой. Акасти уый алырдæм, цымæ не сдзурдзысты иннæ адæм йæ фарс? Нæй, иууылдæр сæхи ницы уынæг скодтой.
— Мæн сбастат, — загъта уæд уый чапартæн. — Æрцауындзут мæ, амарут мæ. Уый ницы у. Фæлæ уый зонут, ахæм царды уагæн бирæ ахæссæн нæй.
Чи хъуыста уый дзырдмæ?
Хур къуылдымы сæрмæ иу адылийы бæрц нæма суади, афтæ Захъоры фос иууылдæр æмбырдгонд уыдысты скъолайы кæрты.
Уыдис уым бæхтæ, галтæ, хъуццытæ, фыстæ æмæ хуытæ. Хæринагæй сын ницы дзæбæх уыдис уым æмæ алыхуызон хъæр кодтой, уасыдысты, се стонг зонын кодтой.
Æмбонды æдде къордгæйттæй æмбырдтæ кодтой адæм, сындæг ныхас кодтой, сæ рис кæрæдзийæн зонын кодтой.
— Иу адæймаг æгас хъæуы, бирæ хъæуты туг цъира, уый куыд раст хъуыддаг у? — дзырдтой сæ æмбаргæдæртæ.
— Дæлæмæ æрхау, Хуыцау, дæлæмæ! — дзырдтой ранæй-ран устытæ дæр. — Кæд ахæм галиудзинад равзарын нæ фæразыс, уæд ды цæй Хуыцау дæ?!.
Хур дзæвгар суади, афтæ пъырыстыф дæр, хъæуыхицау дæр, чиновник дæр рацыдысты æмæ æмбонды æдде чи дурыл, чи къодахыл æрбадтысты. Чысыл фæстæдæр сауджын дæр уырдæм рацыди.
Æнхъæлмæ кæсынц иууылдæр, кæд фæзындзæн Леуан. Дзырдмæ гæсгæйæ, уый хъуамæ фараст сахатмæ ам уа. Æнæ уый та аукционæн райдайæн нæй.
Пъырыстыф сауджынимæ сындæг ныхас кодтой. Сæ разы лæууыди Лексо, галиу къух æхсаргардыл æвæрд. Хъусы ныхасгæнджытæм дæр, фæндаджы ’рдæм дæр фæкæс-фæкæс кæны. Ахуыргæнæг хибарæй æмбондыл банцой кодта, йæ сæр æруагъта æмæ цæуылдæр хъуыдытæ кодта.
— Æрбацæуынц, — сдзырдта Лексо.
— Æрбацæуынц, æрбацæуынц! — уыцы дзырд уайтагъд адæм æппæтыл айхъуысти.
Пъырыстыф галиу къухы армæй йæ цæстытæн аууон акодта æмæ кæсы:
— Диссаг нæу, дыууæ йеддæмæ не сты! — дзырдта пъырыстыф. — Дыууæ бæхы та дзы æнæ барджытæ ис.
Адæм, æнæ дзургæйæ, кастысты фæндаджы ’рдæм. Устытæй кæмæндæрты сæ рустыл цæссыгтæ æрттывтой. Сывæллæттæ дæр сæ хъæзтытæ ферох кодтой æмæ æнкъардæй фæндаджы ’рдæм кастысты. Уыдон æмбаргæ нæ кодтой, цы у, цавæр у, цæмæ æнхъæлмæ кæсынц адæм, фæлæ цыдæр æвзæр хъуыддаг кæй цæуы, уый, хистæртæм кæсгæйæ, сæ зæрдæтæм истой. Иу зæронд лæг йæхи нал баурæдта æмæ, йæ къухтæ арвмæ схъил кæнгæйæ, йæ хъæлæсы дзаг ныууынæргъыдта:
— Йе, Хуыцау, нæ тæригъæд!
Барджытæ тæргæ скъæрдæй æрбахæстæг кæнынц. Пъырыстыф, сауджын æмæ хъæуыхицау дзургæ нал кодтой, фæлæ, æдзынæгæй фæндагмæ кæсгæйæ, сæ алчидæр дис кодта: цы хабар у, кæдæм тæрынц сæ бæхтæ, кæнæ дзы дыууæ бæхыл барджытæ цæуылнæ ис?
Барджытæ пъырыстыфы раз рагæпп кодтой сæ бæхтæй. Уыдон уыдысты Леуаны чапартæ. Сæ цæсгæмттæ фæлурс. Цæстытæ тарстхуыз. Бæрæг уыди, цыдæр стыр хъуыддаг зæгъинаг кæй сты. Пъырыстыф дæр ныффæлурс ис. Цыдæр сдзурынмæ хъавыди, фæлæ не сфæрæзта.
— Зæгъут, цы хабар у, лæппутæ? — бафарста хъæрæй Лексо.
— Леуан æмæ Батырбег, нæ хъуыддагаразæг, мард фесты, — сдзырдта ризгæ хъæлæсæй чапартæй иу.
Пъырыстыф, цыма тæфсæгæй рынчын уыди, уыйау æмрызт скодта æмæ сыстади йæ бынатæй. Йе ’фсæр æфсæрыл нал ныдзæвди, афтæмæй каст Лексомæ.
— Кæм мард фесты, куыд мард фесты? — бафарста та Лексо.
Чапарты радзырдмæ гæсгæйæ, хъуыддаг æрцыди афтæ: Леуаны хæдзарæй рараст сты цыппарæй: Леуан, йæ хъуыддагаразæг Батырбег æмæ дыууæ чапары. Фæндаг иу ран цыди хъæдбыны, нарæг фæндаг — барджытæн дзы цæуæн уыдис æрмæст кæрæдзийы фæдыл. Æппæты разæй араст ис чапартæй иу, уый фæстæ Леуан, Леуаны фæстæ Батырбег, æппæты фæстæ та иннæ чапар. Хъæдæн йæ тæккæ тармæ куы бахæццæ сты, уæд фæд-фæдыл дыууæ гæрахы фæцыди, æрмæст дыууæ гæрахы. Леуан уым æрхаудта, йæ бæх иуварсæрдæм алыгъди. Иннæ бæх пыхсытæм йæхи баппæрста, æмæ Батырбег дæр уым рафæлдæхти. Леуанæн нæмыг йæ ныхы астæу сæмбæлди æмæ къæбутæй ахызти, Батырбегæн та рахиз хъусы фарсмæ бахызти æмæ иннæрдыгæй атыдта. Чапартæ бауадысты, гæрах чердыгæй фæцыдис, уыцырдæм. Бæлæстæ тарæхгæд кæм уыдысты, уым топпы хъавæн арæзт уыди. Йæ фæстæ пыхсытæ — ссæст, дыууæ афтид гилдзы дзы ссардтой. Бæрæг уыди, дыууæ лæджы дæр иу къухæй мард кæй фесты.
— Цымæ мæн нæ амардзысты? — къуыхцытæ хъæлæсæй бадзырдта пъырыстыф Лексомæ.
Хъæуыхицау уымæн дзуапп нæ ратта, фæлæ фæхъæр кодта чапартæм:
— Бадгæут уæ бæхтыл!
Йæхæдæг дæр цæттæ бæхтæй иуыл абадти, иннæуыл абадын кодта пъырыстыфы стражниктæй иуы æмæ йæ Душеты хицæуттæм хъæргæнæг арвыста. Æртæйæ ауадысты фæдисы, фыдбылыз кæм æрцыди, уырдæм.
Сауджын кæм бадти, уым бадгæйæ баззади. Барджыты фæзынынæй нырмæ иу дзырд йæ дзыхæй нал схаудта. Ныр пъырыстыф уымæ дæр бадзырдта:
— Цымæ мæн дæр амардзысты?
Сауджын æвиппайды дзуапп раттын нæ бафæрæзта, фæлæ æрæджиау сындæг сдзырдта:
— Цæмæн дæ амарой, цы кодтай ды та!
Гъеныр æрбадти пъырыстыф фæстæмæ йæ бынаты.
Адæм куы бамбæрстой хабар, уæд дзыхълæудæй баззадысты. Зыдтой, аххос уыдоныл кæй æвæрдзысты, æмæ сын стыр мæт бацахста сæ сæртæ. Зыдтой уыдон, хорз зыдтой, куыд фарсдар сты хицæуттæ æлдæрттæн. Æмбæрстой, æлдары амарыны тыххæй хъæуыл стыр зындзинæдтæ кæй сæмбæлдзæн.
Дыууæ сахаты бæрц рацыдаид, афтæ Лексо æмæ йе ’мбæлттæ æрбаздæхтысты. Уыдон азылдтытæ кодтой марæн бынаты алыварс марæджы фæд ссарыны тыххæй, фæлæ ницы ссардтой. Æрмæст уыцы иу ран хъавæн арæзт уыди, йæ фæстæ бæласы къабузтæ цагъд, зæхх над. Кæд рагуалдзæг уыди, уæддæр зæхх фæхъæбæртæ ис, æмæ фæд никæцæй сбæрæг ис.
Лексо пъырыстыфимæ аныхæстæ кодта, æмæ, аукционæн аразæн кæй нал уыди, уый тыххæй фос скъолайы кæртæй рауадзын кодтой. Фос æлхæнынмæ Душетæй æмæ Ахалгурæй цы къупецтæ фæцыди, уыдон дæр араст сты сæ хæдзæрттæм.
Лексойæн йæ зæрдæ æхсайдта æрмæст ацы хъæумæ. Чи уыдаид æндæр? Хъуыды кодта, марæджы куыд сбæрæг кæна, ууыл. Уый куы сбæрæг кæнид, уæд хицæуттæй æрмæст бузныг йеддæмæ, чи зоны, исты хæрзиуæг дæр райсид.
Иуварсæрдæм амбырд кæнын кодта Лексо адæмы æмæ бæрæг кодта, чи ис хъæубæстæй æддæ. Ничи разынди æддæ фыййæутты йеддæмæ.
Уыцы ран æм иу хъуыды æрцыди æмæ загъта хинымæры:
«Ссардтон æй, Душет нæ, фæлæ Калачы хицæуттæй дæр бузныг райсдзынæн!»
Уый ахъуыды кодта Никъойы тыххæй: Никъо уыди фыййау, дæсны топпæхсæг, æхсарджын.
«Гъæй, æй, — хинымæры сдзырдта Лексо, — афтæ арæхстцæф æндæр ничи ныккæндзæн. Дыууæйæн дæр сæ сæртæ фæцæф сты — уый у Никъо, æндæр ничи».
Ахъуыды кодта Лексо, цымæ иунæг уыдаид Никъо, æви ма йын æххуысгæнæг уыдаид, кæнæ ма йæ фæнд зонæг исчи ис. Фæлæ уый ахæм адæймаг у, æмæ иунæгæй сфæнд кодтаид, иунæгæй баххæст кодтаид йæ фæнд. Никъо йæхæдæг ауыгъд æрцæудзæн, уый зоны Лексо, фæлæ ма йæ фæнды хъæубæстæй искæйты фæтъыссын.
«Уыдон ам куынæуал уой, уыцы хæрæмттæ, уæд æз ам паддзахы цард кæндзынæн, æндæр цы?» — Афтæ дзырдта хинымæры Лексо.
— Лексо, акæс-ма, цымæ уæртæ уый цавæр уа? — бадзырдта хъæуыхицаумæ сауджын.
Акасти Лексо. Дард, Ахалгуры фæндагыл цавæрдæр стыр къорд змæлыди, змæлыди ацырдæм, хæстæгдæр кодта. Акасти пъырыстыф дæр æмæ загъта:
— Æвæццæгæн, кæй арвыстай, уыцы хъæргæнæг æввахс искуы фембæлди исты хицæуттыл, кæнæ æфсæддон отрядыл, æмæ уæртæ æрбацæуынц.
Пъырыстыфы тынг фæндыди, æмæ ацы налат зæхкусджытæ тынг æфхæрд куы æрцæуиккой. Йæхинымæры ныронг дæр уый хъуыды кодта, æфсæдтæ куы фæзыниккой, куы æрбадиккой ам æмæ адæмæн хицауады тых куы бамбарын кæниккой! «Уыдон сты», зæгъгæ, хъуыды кодта ныр хинымæры æмæ йæ зæрдæ фæфидар ис. Акасти адæмы ’рдæм æмæ ныхъхъæр кодта:
— Сволочь! Теперь узнаете, как убивать честных подданных царя!
Сауджын дæр, хъæуыхицау дæр, ахуыргæнæг дæр, адæм дæр кæсын байдыдтой Ахалгуры фæндаджы ’рдæм.
Æцæг, бирæ адæмы къорд чысылгай змæлы, æввахсдæр кæны.
Иу ус ныдздзынæзта:
— Æрбацæуынц нæм, æрбацæуынц! Нæ къонатæ нын байхалдзысты! Цæй бон ныл æркодта, цæ?!
Иу къорд устытæ кæуын байдыдтой. Лæгтæ кастысты, кастысты фæндаджы ’рдæм, стæй уыдон дæр хъынцъым кæнын райдыдтой. Æцæг сæ бынсæфт бакæндзысты ныр. Ехсæй сæ нæмдзысты. Сылтæй хынджылæг кæндзысты. Сæ фос сын байсдзысты.
Хъæуыхицау, сауджын æмæ пъырыстыф цинæй мардысты, сæхинымæры цыдæртæ дзырдтой. Æрмæст ахуыргæнæг лæууыди хибарæй æмæ æнкъардæй æнхъæлмæ касти уый дæр: «Цы уыдзæн, цы?»
Æрбаввахс сты цæуæг адæм, æмæ сæ сæрмæ цавæрдæр тырысатæ разынди. Ахуыргæнæг, дис кæнгæйæ, æдзынæг ныккасти. Дис кæнгæйæ, кæсын байдыдтой уæд пъырыстыф, сауджын æмæ хъæуыхицау дæр.
Ноджыдæр куы æрбаввахс сты цæуджытæ, сæ зард дзæбæх хъуысын куы байдыдта, уæд ахуыргæнæг сæ размæ ацыди.
Сауджын, пъырыстыф æмæ хъæуыхицауæн сæ цæсгæмттæ ныддаргъ сты, афтæмæй хæлиудзыхæй кастысты цæуджытæм, — уыдон уыдысты дыууæсæдæйы бæрц.
Уæртæ сæхи ахуыргæнæг сырх тырыса йæхимæ райста, бæрзонд æй систа æмæ æрбацæуы иннæты разæй. Цæуджытæ адæмы размæ куы æрбахæццæ сты, уæд ахуыргæнæг йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта:
— Æгас нæм цæуæд революци! Æгас нæм цæуæд сæрибар цард!
Адæм ницы æмбæрстой, дис кæнгæйæ, хъуыстой æмæ кастысты æрбацæуæг адæммæ.
Уæд ахуыргæнæг тырыса скъолайы сæрмæ афидар кодта, стæй стыр дуры сæрмæ сгæпп кодта, æмæ гæххæтт йæ къухы, афтæмæй райдыдта:
— Хорз адæм! Тугцъир хицауад нал ис. Паддзах Никъала йæ бынатæй æппæрст фæци, йæ министртæ — йæ хистæр æххуысгæнджытæ ахæстæтты бадынц. Хорз адæм! Рагæй æрæгмæ цæмæ бæллыдыстæм, уый ныр æрцыди. Æрцыди сæрибар царды рæстæг. Уæ ис-уæ бон, уæ фæллой уæхи бар уыдзысты. Нал ис абонæй фæстæмæ æлдар, зæххытæ иууылдæр уæ къухты уыдзысты!
Адæм сæ мидбынаты змæлын байдыдтой, кæрæдзимæ бакæс-бакæс кодтой, фæлæ дзургæ ничима ницы кодта.
Сгæпп кодта дурмæ æндæр дзурæг ног æрбацæуджытæй.
— Хорз адæм! Æгас Уæрæсейы паддзахы æвæрд хицæуттæ чидæриддæр уыди, иууылдæр ахст æмæ сырд фесты сæ бынæттæй. Алыран дæр кусынц ныр æвзаргæ хицæуттæ. Абон сымах дæр равзарут уæхи æхсæнæй хицауадгæнæг комитет!
Уыцы сахат æрбакодтой дзурæджы размæ хъæуыхицауы æмæ пъырыстыфы. Пъырыстыфы цæсгом уыди гæххæттæй урсдæр, йæ былтæ, æнæ кæрæдзимæ хæццæгæнгæйæ, уæгъд змæлд кодтой. Хъæуыхицау йæхиуыл хъæддых хæцыди, фæлæ алырдæм тарст каст кодта, бæрæг уыди, йæ зонд алырдæм кæй сси, чердæм цы кæна, уый кæй нал æмбæрста.
Ног æрбацæуджытæй иу бацыди æмæ пъырыстыфæн сындæггай йæ кард йæ уæхсчытæй систа, стæй бавнæлдта хъæуыхицауы кардмæ дæр.
— Ма ’внал мæ кардмæ! Ацы кард мæнæн мæ фыдæлтæй баззади æмæ йæ нæ ратдзынæн. Кæд хъæуыхицау нал дæн, уæддæр мын æй ныууадзут! Æз дæр иннæ адæмы хуызæн æфхæрд адæмæй дæн æмæ уын знаг нæ разындзынæн.
— Ма йыл æууæндут! — баппæрста дзырд ахуыргæнæг. — Уый паддзахы къæбылатæй у. Уый адæмы уæйгæнæг у!.. Райсут ын йæ кард, йæ хъама, йæ дамбаца. Сæ дыууæйы дæр уал ныккæнды ныппарут, стæй фендзыстæм!
Тарст адæм уыдæттæ куы федтой, уæд сæ бауырныдта æцæг сæ цагъарон æфсондз кæй ахаудта, фырцинæй чи цæссыгтæ калдта, чи худгæ, чи кафгæ кодта. Ныронг знаг чи уыди, уыдон дæр фырцинæй кæрæдзийæн хъæбыстæ æмæ пъатæ кодтой.
This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
This work is in the public domain in the United States because it was first published outside the United States (and not published in the U.S. within 30 days), and it was first published before 1989 without complying with U.S. copyright formalities (renewal and/or copyright notice) and it was in the public domain in its home country on the URAA date (January 1, 1996 for most countries).
The author died in 1944, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 79 years or less (if applicable), or the copyright term is 94 years or less since publication (if applicable). |