Jump to content

Æнгарæн (Багъæраты)

From Wikisource
Æнгарæн (1914)
by Багъæраты Созыр
290524Æнгарæн1914Багъæраты Созыр


ÆНГАРÆН


Мæ хæлар, ме 'нгарæ!
Биццеуæй нæ дууæ
ниуазæн уарзунмæ
баниуазтан.
Нæ хъал цард абони
æфтуйуй мæ зæрди,
цæрдæгæй гъæунгти
куд фæгъгъазтан.
Раст зæгъун, фæндуй мæ
нур дæр ма дæ хæццæ
разарун алкæддæр
зæрдæрохсæн.
Фал мæнæн мæ бæнттæ
цубурдæр фæцæнцæ,
рамардæй мæ зæрдæ,
базæронд дæн.
æлгъетун мæ оди:
Нæ бæззуй, æнгари
куд уарзун, уой зæгъун
нæ фæразун.
Фал уæддæр нуртæккæ
æргомæй ци сдзорон —
раст уодзæй: «æнгари
берæ уарзун».
Кæд æз нур дæ хæццæ
нæ цæун зарунмæ,
уæддæр ма мæ зæрдæ
мæ медæгæ'й.
Мард мæ ма фæххонæ —
арæхсдзæн кæунмæ,
мæхе дин нихсдзæнæн
цæстисугæй.
Нæ уогæй рантæстæн,
бæласау райрæзтæн,
сæргъæнау давунмæ
нæ фæццудтæн.
æнамонд разиндтæн,
мæ цардæй фесхъиудтæн
Зунд дин æй, цæхæри
куд исфунх дæн.
Мæ хæлар, ме'нгарæ,
хæстæг дæн мæрдтæмæ,
тагъд мæмæ идардмæ
дзиназдзæнæ.
Есгæд-еу фур мæстæй
ку реса дæ зæрдæ,
уæд мæбæл уæрæйдæ
нæ зардзæнæ.


1914 анзи сентябри 20 бон


This work is in the public domain in Russia according to article 6 of Law No. 231-FZ of the Russian Federation of December 18, 2006; the Implementation Act for Book IV of the Civil Code of the Russian Federation:
  • its creator didn't fight or work for Soviet Union victory during the Great Patriotic War — so the 70-year protection term is applied;
  • and the creator died before January 1, 1954 (more than 70 years ago), and has been not posthumously rehabilitated since that date;
  • and this work was first published before January 1, 1954 (more than 70 years ago).

This work is in the public domain in the United States because it was published before January 1, 1929 (more than 95 years ago).


The author died in 1928, so this work is also in the public domain in other countries and areas where the copyright term is the author's life plus 95 years or less (if applicable), or the copyright term is 109 years or less since publication (if applicable).