Jump to content

Æнæ фыййау (Хетæгкаты)

From Wikisource
Æнæ фыййау (1899)
by Хетæгкаты Къоста
290195Æнæ фыййау1899Хетæгкаты Къоста


ÆНÆ ФЫЙЙАУ


Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд,
     Рындзыл нæ кæны фынæй...
Фесæфай, фесæфай, уастæн, нæ фæсивæд, –
     Иу бахъаггæнæг дæ нæй!

Тар хъæдмæ бацыддæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, –
     Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр, –
Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ,
     Стонг фосау сæфыс ды дæр!..

Гъæй, джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид
     Иу сау къæдзæхы сæрæй!
Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид
     Исчи йæ фарны хъæрæй!..




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.