Jump to content

Æнæрхъуыды хæст (Гæдиаты)

From Wikisource
Æнæрхъуыды хæст (1912)
by Гæдиаты Секъа
289757Æнæрхъуыды хæст1912Гæдиаты Секъа


ÆНÆРХЪУЫДЫ ХÆСТ


Мæ гутон — æдзæттæ,
Мæ галтæ — быцæу;
Хуымгæнæн æрхæццæ,
Мыггаг нæй — мæнæу.

Йæ дзыргъа — дыдæгътæ,
Æфсæн нæу æндон;
Йæ рæтæн — æндæхтæ,
Гæрзбаендæны 'фсон.

Йæ гинон — лыстæг уис,
Зылынтæ — йæ конд.
Æри-ма, цы нæм ис? —
Куысты сæрæн зонд.

Сау бадынц нæ бонтæ,
Арв; мигъæй — æхгæд.
Мауал кæн æфсонтæ:
Фæлæу уал, æгъгъæд!..

Æрцæудзæни рæстæг,
Бæрæгбон кæндзæн...
Ыскæудзæн хъæбуллæг,
Цæсты сыг мæрздзæн.




This work was published before January 1, 1929, and is in the public domain worldwide because the author died at least 100 years ago.